Мамука Бахтадзе – Гуырдзыстонæн фарсхæцæг акты мидæг, Уæрæсейаг окупацимæ гæсгæ дырыс æрвитæггæгтæ ис
Мамука Бахтадзе – Гуырдзыстонæн фарсхæцæг акты мидæг, Уæрæсейаг окупацимæ гæсгæ дырыс æрвитæггæгтæ ис

АИШ-ы минæвæртты  палатæйы  æддæ  хъуыддæгты  комитет, Гуырдзыстнæн  цы  фарсхæцæг акт райста,  уый у ноджы иу бæлвырдгæнæн, цæмæй   Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  æхсæн ахастытæ  сты  сегасæй  бæрзонддæр  æмвæзыл-   уый  тыххæй Гуырдызстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе   райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   уый   зæгъгæ  у  дыууæпартион æххуыс, кæцы  иттæг нысаниуæгджын у.

«Знон АИШ-ы  минæвæртты  падатæйы  æддæ  хъуыддæгты  комитет  æмхъæлæсонæй райста  иттæг нысаниуæгджын документ.  Ай  у   Гуырдзыстонæн   фарсхæцæг акт.   Ацы  æххуыс  у   дыууæпартион,  кæцы  тынг ахсджиаг  у  æмæ  кæцы  нлджы иу  бæлвырдгæнæн у, цæмæй  Гуырдзыстон æмæ АИш-ы  æхсæн   ахастытæ тынг бæрзонд  æмвæзадыл сты» –  райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Уый америкаг  хæлæрттæн раарфæ  кодта.

«Фæнды мæ  бузныг  зæгъын   нæ маерикаг  хæлæрттæн,  ацы  тынг нысаниуæгджын   документы тыххæй,  кæцыйы мидæг  дырысæй хаххгонд у  æххæст фарсхæцынад  нæ  территорион æнæхъæндзинад æмæ  суверенитетæн.   Адон сты тынг дырыс   æрвитæггæгтæ  уыцы   фарстатæм гæсгæ,    кæцытæ  баст сты  уырыссаг  оккупациимæ,  адæймаджы  барты   гуырымыхъхъ  æфхæрдимæ,  адæймæгты кæцытæ цæрынц оккупацигонд территоритыл.  Тынг дырыс  æрвитæггæгтæ  сты   алы уыцы  адæймагмæ,   кæцы йæ ныфс бахæсдзæн  æмæ  райдайдзæн æнæлегалон  куыст  Уæрæсейы  оккупацигондл  территоритыл. Ай у иттæг нысаниуæгджын фарсхæцынады  текст» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр.

Америкæйы Иугонд Штатты  Конгрессы   минæвæртты палатæйы æддæ хъуыддæгты   комитет, Гуырдзыстонæн фарсхæцæг акт райста.  Документы мидæг дзырдæуы,   цæмæй АИШ-æ  дарддæр кæны Гуырдзыстоны  демиокративон хæзнатæ  рапарахатæн фарс хæцын.