Кутаисы аэропортæй авиарейс фæкъуылымпы ис хæдтæхæгыл арвырттывды сæмбæлды тыххæй
Кутаисы аэропортæй авиарейс фæкъуылымпы ис хæдтæхæгыл арвырттывды сæмбæлды тыххæй

Кутаисы  Давит Агъмашенебелийы   номыл  æхсæнадæмон аэропорты   бæлццæттæ сæ рейсытæм ацы афонмæ æнхъæлмæ кæсынц.  Авиарейс  Ларнакайы  æрдæм  12:45 сахатыл хъуамæ  сæххæст уыдаит, фæлæ   аэропорты администрацийы  æмбарынгæнæнтæм гæсгæ,   уый  сæххæст уыдзæн 4  сахаты æрæджыйæ.

«Дзурынц нын  цæмæй тахт, 16:45 сахатмæ æрцыд хаст.  Рейсы  ахæцыны  аххосæй та,  хæдтæхæгыл  арвырттывды  хафт  хонынц.  Сæумæрайсомы 06:00 сахатæй  Грецийы æрдæм    атæхгæ  хæдтæхæгыл  сæмбæлд арвырттывд  цæй  тызххæй дæр уый Болгарийы, сахар Софиайы  æрбадт» –  фехъусын кдта Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы  бæлццон  Серго Галусян.

Уыйимæ иумæ  Кутаисы  аэропорт  бæлцæттæн  фехъусын кодта:

«Авиакомпани «Wizz Air»-ы рейс   W66401  Кутаис-Кавала,  Кавалайы æъхсæнадæмон аэропортмæ  баввахсы  рæстæджы,  хæдтæхæгыл арвырттывды сæмбæлды тыххæй,  араст ис  Софияйы  æхсæнадæмон   аэропортмæ.  Бæлццæтты  транспортаци  Софияйæ  Кавалайы æрдæм  сæххæст кæндзæн авиакомпани.

Уæлдæр банысангонд  уавæрты тыххæй,   кæд борт  тахт сæххæст кæндзæн, Кутаисы æхсæнадæмон аэропортæй  фæстиатæй  сæххæст уыдзæн    абон, 30 декабры  плангонд  рейсытæ: W66403 (Кутаис-Ларнака)  планон  атахт  12:45, W66409 (Кутаис-Меминген)  планон атахт 18:25.

Рейсыты æмæ  тахтыты графикъы ивдтыты  тыххæй деталон информаци райсдзыстут   нæ информацион  центры руаджы:  0431 23 70 00; 0431 23 70 01»-  банысангонд у  фидиуæны.