Кутаисæй, «Визеары»  12 ног маршрутæй тахтыты бафтауыны æмгъуыд  æргъæвд æрцыд
Кутаисæй, «Визеары» 12 ног маршрутæй тахтыты бафтауыны æмгъуыд æргъæвд æрцыд

Авиакомпани  «Визеар»  Кутаисы аэропортæй  12  ног ардæмад  бафтауыны  æмгъуыдтæ  ахæцыд.  Уый фæдыл компани официалон фидиуæн  аразы.

Компанийы  информацийæ,   Кутаисы   радæй  4-æм æмæ   5-æм  базиргонд  авианаутæ  аэропортæн лæккад кæндзысты  2020 азы июлæй  æмæ  декабрæй.

«Визеар» цасдæр рæстæг размæ   Кутаисы базæмæ  дыууæ ног  Airbus A320  æмæ  12 ног ардæмады  бафтауыны тыххæй райхъусын кодта –  Франкфурт  Ханмæ, Гамбургмæ, Ираклионмæ,  Карлсруе/Баденбаденмæ,  Неаполмæ, Ницамæ, Нюрнбергмæ, Пизамæ, Познанмæ, СТокгольммæ, Туркумæ æмæ Венецимæ.

Компани хъусын кæны, цæмæй   авиакомпанийæн  авианауты  ифтонгадмæ бандæвдта  хызагы æнæхъæлæджы  куылымпыдзинад  цалдæр бæстæйæ, сæ нымæцы  Гуырдзыстоныæй   нысангонд  ног   авиарейстыл. 2019 азы  июны анонсгонд 4-æм æмæ æ5-æм  базиргонд  хæдтæхджытæ  аэропортмæ  2020 азы  июлæй  æмæ  декабрæй   балæккад кæндзысты, уымæ  æмбæлгæйæ  дæр фæстиатæй  скусдзæн  12   ног маршрут.

Уымæй дарддæр ма,  бæлццæттæн, кæцытæ хæдтæхджыты  райуæрстæй  уайтагъд балхæдтой билеттæ искæцы ранымад 12  ардæмадыл,,  информаци райсдзысты  ивындзинæдты фæдыл.  Бæлццæттæн банхъырдзыстæм билетты ивын (сывзарой  уыцы  маршрут, фæлæ  фæстæдæр кæнæ искæцы  æндæр арæдмад), билеты цы  суммæ  бафыстой уый  100 процентæй  фæстæмæ æрыздахын  кæнæ билеты  аргъы  120 проценты  бафыст  бæлццоны  WIZZ хыгъдыл.

Авиакомпани  WIZZ Air хатыр куры  зианбаййафæг бæлццæттæй   фæнысангонд фактæй   сырæзт  уавæры  тыххæй.

Афтæма бæлццæттæ, кæцытæ  рагагъоммæ бацахстой  билеттæ  онлайн   туристон   агентадты фæрцы æмæ wizzair.com-ы бæсты,  хъуамæ  фæдзурой  сæ  партнер  агентадмæ.  Бæлццæттæ  кæцытæ фæдзурдзысты Гуырдзыстонæй   графикъы  ивдмæ гæсгæ,  хъуамæ фæдзурой  «ВИзеары»  сервисцентрмæ номырыл  +995 706 777 037.

«Визера»  Кутаисы  æхсæнадæмон аэропортæй  кусын  райдыдта  2012  азæй. Ног ардæмадты бафтауын та, цæугæ азы  кæрон æмæ  фидæны азы  июлы уыд плангонд.