Израилы парламентон æвзæрстыты фæразæй  сты хицаугæнæг  партий «Ликуди»  æмæ центристон-альянс «Цъæх æмæ Урс»
Израилы парламентон æвзæрстыты фæразæй сты хицаугæнæг партий «Ликуди» æмæ центристон-альянс «Цъæх æмæ Урс»

Израилы æвзарæнон хъæлæсты  фылдæры хайы  бахыгъды  фæстæ фæразæй  сты хицаугæнæг  партий «Ликуди»  æмæ центристон-альянс «Цъæх æмæ Урс», кæцыйæн  хъахъхъæнынады  тыхты раздæры   сæргълæууæг, Бен Ганц  къухдариуæг кæны.   Бынæттон   медийы  хъусинагæй,   бæстæйы  бæрзонддæр  закъондæттæг оргæны  бацахсдзысты  35  бынаты.  Фæнысангонд  бæрæггæнæнтæй  Виньямин Нетаньяху æмæ  йæ  партий  тыхыбын бауыдзысты  рахизты  коалици саразын.

Израилы  парламентон æвзæрстыты  фылдæры хай нырма   иунæг партий дæр нæ райста.  Уыдоны  кæддæриддæр бахъæуы  коалици саразын. Æвзæрстыты официалон   фæстиуджытæ абон,   боны  фыццаг æрдæджы,  фæбæрæг уыдзысты.