Израилы хъахъхъæнынады тыхты хъусын кæнынц, цæмæй  горæт Рафахы уагъд спецоперацийы фæстиуæгæн дыууæ Израилаг уацайрагы ссæрибар кодтой
Израилы хъахъхъæнынады тыхты хъусын кæнынц, цæмæй горæт Рафахы уагъд спецоперацийы фæстиуæгæн дыууæ Израилаг уацайрагы ссæрибар кодтой

Израилы хъахъхъæнынады  тыхты  хуъсын кæнынц, цæмæй æхсæв   горæт Рафахы уагъд спецоперацийы фæстиуæгæн, дыууæ  Израилаг   уацайрагы  ссæрибар кодтой.

Уагдоны хъусинагæй,   дыууæдæр гоймаг идентификацигонд сты.   Уыдоны Хамас 7 октябры   Израилмæ бырсты рæстæджы æрцахста.

Израилы хъахъхъæнынады  министрады  хъусинагæй,  дыууæдæр ссæрибаргонды  Израилы  медицинон центрмæ фæхæццæ кодтой æмæ сæ  æнæниздзинады  уавæр æвæрццаг у.

«Мах адарддæр кæндзыстæм нæ хæс  æххæст кæнын, цæмæй  уацайрæгтæ   кæцыфæнды  фæндагæй ссæрибар кæнæм», –  фыссы  Израилы  хъахъхъæнынады министр Иоав  Галант  социалон хызæгты.