Джо Байден -  Сауды Арави æмæ æндæр арабаг бæстæтæ цæттæ сты Израилы æххæст банымадмæ
Джо Байден - Сауды Арави æмæ æндæр арабаг бæстæтæ цæттæ сты Израилы æххæст банымадмæ

АИШ-ы президент Джо Байдены фидиунæй,  Сауды Аравеи æмæ æндæ  арабаг бæстæтæ цæттæ сты æххæстæй нымадмæ райсой  Израил.

Медиайы хъусинагæй,  уый фæдыл Байден фæскамерæтæй  уагъд фембæлдыл  фæныхас кодта.

«Ныр деталтæм нæ бавналдзынæн, фæлæ кусын  саудæгтимæ æмæ алы æндæр  арабаг бæстæтимæ, уый нымæцы Егпетимæ, Иорданиимæ æмæ Катаримæ. Уыдон цæттæ сты, æххæстæй нымадмæ райсой  Израил фыццаг хатт» – банысан кодта  Байден.

Джо Байден ноджы иу  хатт  загъта йæ сидтытæ  Газæйы хæсты дарддæры планты æмæ  дууæ падзахады принципыл бындурæвæрд  уынаффæйы фæдыл.

«Тынг бирæ израилаг æмæ палестинаг  сты æнаххос амæттæгтæ.  Хъуамæ нæм уа фылдæр хойраг æмæ хостæ, афтæма ифтонгад  палестинæгтæн»  райхъусын кодта АИШ-ы президент.

Уыимæ Байдены æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, ма  хъуамæ ферох кæнæм  цæмæй Израилы уæвынадмæ æртхъирæн кæны тас.