Израилы авиабырстыты фæстиуæгæн  Ливаны уссары, «Хесболайы æртæ уæнгы æмæ авд  сабыр æмбæстаг амард
Израилы авиабырстыты фæстиуæгæн Ливаны уссары, «Хесболайы æртæ уæнгы æмæ авд сабыр æмбæстаг амард

Израилы авиабырстыты фæстиуæгæн   Ливаны   хуссары «Хесболайы»   æртæ уæнг æмæ авд  сабыр æмбæстаг амард.

Ливайнаг  шиитон организацийы  ахæлиугонд информацийæ, фæмардуæвджыты нымæцы ис  «Хесболайы» иуæй-иу лиер  Али Мухамад ал-Дебес.

Ахæлиугонд  хъусинагæй, уый бæрнон уыдис «Хесболайы «корды  палестинæгты хъуыддæгтыл.

7 октяры фæстæ  Израилы  бырстыты фæстиуæгæн  «Хесболайы» 199 уæнгы амардтой.

«Хесболайы» ахæлиугонд информацийæ, Израил уый тыххæй  стыр аргъ бафиддзæн  иууыл цъус дæс адæймагы марындзинады тыххæй, сæ нымæцы фондз сывæллон.

Израилы хъахъхъæнынады информацийæ, ливаны хуссары   бомæкалд сыххæст «Хесболайы» дæсгай  нысаныл, сæ нымæцы  ракетæтæ  уадзæг  позицитæ,  бæстыхæйттæ æмæ æндæр инфраструктурæ.

Израилы хъахъъæнынады  министр Иоав Галант  дзуры, цæмæй æфсæддæттæ «Хесболайы» ныхмæ  бырстытæ  иу æмвæзæй стынг кодтой, кæцы  уый нысан кæны, цæмæйæлдæфон   тыхты  хæдтæхджытæм, кæцытæ ацы  тæккæ  Ливаны уæларвы  тæхынц,  бирæ уæззаудæр бомбæтæ ис  бирæ дарддæр лæууæг нысæнттæн».