Иугонд Националон Фæлварæнтæ райдыдта
Иугонд Националон Фæлварæнтæ райдыдта

Иугонд Националон Фæлварæнтæ райдыдта. Гуырдзыстоны масштабæй кусæг 24  фæлварæнон центры, абитуриенттæ абон фæлварæн ратдзысты гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы.

Фæлварæнон центрты регистраци райдыдта 08:00, æрмæст йæхæдæг фæлварæн та  09:00 сахатыл. Абитуриенттæ регистрацийы  процесс ацыдысты  дистанци хъахъхъæнгæйæ. Центртæм бацыды онг сын  сарызтой  термоскрининг.

Аргълæвæрды æмæ  фæлварæнты националон центры информацийæ, оккупацигонд территоритæй  лигъдæтты, куысты, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министрады рекомендацимæ æмбæлгæйæ, экзаменгæнджыты æмæ цæстдарджыты,  уадзынц  фæлварæнон фæзуаты æрмæстдæр 50  процентмæ.

Афтæма сæ инцофрмацийæ, фæйнæ  кусæн бынатæн йæ раззаг фарс   уыдзæн  хъахъхъæнæг рухсдзыд  барьер; партæты  æхсæн фæтæнмæ  дистанци уыдзæн  минимум дыууæ метры,  кæрæдзийы фæдфæдыл лæууæг  партæты æхсæн  дистанци та – иу метр.

Гуырдзыстоны  ахуырады, зонæдты,  культурæ æмæ спорты министрад, нырид публикаци скодта   националон фæлварæнты ауадзынæн  бæлвырд фæктæвæрд. Хицауады  уынаффæйæ, абитуриентæн фæлварæны рæстæджы уыдзæн фадат маскæ сисын, бæрæг уавæрты  та  уыдзæн гæнæн  кондиционер скусын кæнын дæр.