Аргълæвæрды æмæ фæлварæнты националон центры информацийæ, фæлварæны процесс ацы азы 3-æм июлы иугонд националон фæлварæнтæй райдайдзæн.
Фыццаг фæлварæн абитуриенттæ ратдзысты гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйæ.
Иугонд националон фæлварæнтæ 22-æм июлы ахицæн уыдзысты нывгæнæн æмæ æххæстгæнæн аивæдты фæлварæнæй. Ахуыргæнæджы фæлварæнтæм чи ныффыста, уыдон фæлварæны процессы архайдзысты 8 июлæй. 10 июлы уагъд æрцæудзæн студентон гранты конкурс, магистратурæйы кандидаттæ 21 æмæ 22 июлы ратдзысты иумæйаг магистратурæйы фæлварæн.
«Фæлварæны датæ, фæлварæнмæ фæзынды рæстæг æмæ фæлварæны центры адрис фæдыл лæмбынæг информаци фæлварæны карточкæйыл нысангонд æрцæудзæн.Кандидаттæн сæ бон уыдзæн сæхи регистрацион фарсæй карточкæтæ ныммыхуыр кæнын 20-æм июны фæстæ.2025 азы, куыд раздæры азты, афтæ байгом уыдзæн фæлварæны центртæ: Тбилисы, Батумы, Зудиты, Подиты, Акситы Гори, Озургеты, Рустауы, Телавийы, Хъулойы æмæ Амбролаури тагъд рæстæджы райдайдзæн фæлварæнты центртæ ифтонг кæнын æмбæлон инвентаризацийæ Зæрдыл уын лæууын кæндзыстæм, цæмæй 2025 азы фæлварæнтæм 80 мины бæрц адæймаг срегистраци кодта» – ис фыст фæлварæнты националон центры расидæны.