Сбæлвырд ис  Иугонд Националон Фæлварæнты  фæткæвæрд
Сбæлвырд ис Иугонд Националон Фæлварæнты фæткæвæрд

Ног коронавирусы  ахæлиу маруадзыны нысанæн, фæлварæнты  хайадисджыты  æнæниздзинад максималонæй бахъахъхъæнынæн  æмæ  иурæстæгонæй  фæлварæнон   процесс æххæстаргъджынæй  ауадзынæн,  премьер-министры  къухдариуæгæй  архайæг  æхсæнуагдонон советмæ бацæуæг    министрадты координиргонд куыстæй фæбæрæг ис,  Иугонд наицоналон фæлварæнты,   иумæйаг  магистратурæйы фæлварæнты æмæ  студентты  грантон  конкурсы  æдасæй  ауадзыны фæткæвæрд, –  уый фæдыл  дзырдæуы,  Гуырдзыстоны  ахуырады, зонæдты,  культурæ æмæ спорты министрады  ахæлиугонд  информацийы.

Афтæма сæ информацийæ,  низты  контролы  æмæ æхсæнадон æнæниздзинады  националон  центры  рекомендацитæм æмбæлгæйæ,  экзаменгæнджыты æмæ цæстдарджыты,  бауадздзысты  æрмæстдæр фæлварæнон фæзуаты 50  процентмæ. Алы  кусæн бынатæн йæ раззаг  фарс  ифтонггонд уыдзæн  рухсдзыд   хъахъхъæнæг  барьерæй; партæты  æхсæн фæтæнмæ  дистанци уыдзæн  минимум дыууæ метры,  кæрæдзийы фæдфæдыл лæууæг  партæты æхсæн  дистанци та – иу метр.

«Уый æппæтмæ гæсгæйæ, æнæнизхъахъхъæды сферæйы   специалистты  рекомендациты бындурыл, фæлварæнты ауадзыны фæткæвæрдмæ   хаст æрцыд бараст: партæтыл уæвæг  хъахъхъæнæн  уартты,  термоскринингы, æмбæлгæ дистанцийы   хъахъхъæды æмæ  коронавирусы ахæлиу маруадзыны фæдыл алы  рекомендацийы  лæмбынæг  сæххæстæй  уыдзæн фадат, экзамегæнджыты  партæйы цур  бынат бацахсыны  фæстæ, æнæмаскæ  сæм æрцæуа лæвæрд   фæлварæн ныффыссыны  фадат», – банысан кодтой   ахуырады министрады.

Афтæдæр сæ  информацийæ,  оккупацигонд  территоритæй лигъдæтты,  куысты, æнæнизхъахъъæды æмæ  социалон хъахъхъæды  министрады æмæ Европæйы низты  превенцийы  æмæ контролы  центры (ECDC )  рекомендацитæй сбæлвырд ис, цæмæй  æрдзон уагæй  уæлдæф сыгъдæг кæныны (гом рудзынг) рæстæджы уыдзæн бар, кондиционер сиу кæнын.  Кусгæ  кондиционеры  уавæрты  æнæмæнгхъæугæ у  маскæ  дарын.

Ахуырады министрады  афтæдæр райхæлдтой,  цæмæй   кондиционер  скусын кæныны бар  уыдзæн  дæлдæрæрнымад фæткойтæм гæсгæ.

«Кондиционерæй пайдæ кæныны рæстæджы æнæмæнгхъæугæ у:

  • Физикон дистанци хъахъхъæнын;
  • Хъахъхъæд хъуамæ  уа  къухты гигиенæ;
  • Респираторон этикет;
  • Маскæ æнæмæнгæй  дарыны уаг;
  • Кондиционерæй  цæугæ уæлдæфы къада ма хъуамæ комкоммæ  адæймæгтæм здæхт;
  • Æнæмæнгхъæугæ у  иудадзыгæй  гом уа рудзынг, кæцы æнæкондиционерæй дæр æнæмæнгхъæугæ у, уымæн æмæ æхгæд тыгъдады  инфекцийы  алæвæрды рискъ бæрзонд у;
  • Æнæруадзгæ у иу уæлдæфы  рециркуряци;

Афтæма  банысангонд у, цæмæй  йæ  тыхы  лæууы  æнæниздзинады  æдасдзинадимæ баст  алы уыцы фæткæвæрд,  кæцыты аппликанттæ хъуамæ æххæст кæной  фæлварæнон тыгъдады.

Куысты, æнæниздзинады æмæ социалон хъахъъæды министрады æмæ   низты контролы  æмæ дзыллæйон æнæнизхъахъхъæды националон центры дырысы бæрæг  амындтæм гæсгæйæ:

  • Фæлварæнон тыгъдадты (37.0 C-æй бæрзонддæр температурæйы æмæ  респираторон  кæцыфæнды  æндæр симптомджын  экзаменгæнджытæ) хъуамæ дарой  маскæ;
  • Кусæн партæйы цур бынат бацахсыны агъоммæ;
  • Фæлварæнеон секторæй рацыды рæстæджы;
  • Æндæр гоймæгтимæ коммуникацийы рæстæджы;
  • Кондиционеры кусыны рæстæджы;

Уыцы цауы, кæд æмæ  экзаменгæнæгмæ  фæбæрæг уыдзæн 37.0 С-йæ бæрзонддæр  температурæ  кæнæ респираторон  кæцыфæнды æндæр симптом, уый хæсджын уыдзæн  фæлварæнон центры  маскæ дарын», – банысангонд у  ахуырады министрады  информацийы.

2020 азы  Иугонд  Националон Фæлварæнтæ  абитуриенттæн   6 июлы райдайдзысты  æмæ 25-æм июлы  фæуыдзысты, грантон  конкурс  ацæудзæн 25  июлы, æрмæст магистратурæйы фæлварæнтæ та  цæудзысты фыццаг августæй   4 август  нымайгæйæ.