Иууон Националон Фæлварæнтæ райдыдта
Иууон Националон Фæлварæнтæ райдыдта

Æнæхъæн  Гуырдзыстоны масштабæй  баконд  22  фæлварæнон центры, абитуриентты  регистрацийы процесс 08:00  сахатæй  райдыдта,  фæлварæнтæ та  раст  09:00 сахатыл, гуырдзиаг æвзаг æмæ   литературæйы фæлварæнæй  райдыдта.

Фæлварæнты националон центры информацийæ,  гуырдзиаг æвзаг æмæ  литературæйы  фæлварæны  фыццаг сессийыл  регистрацигонд абитуриенттæй  фæлварæнмæ  рацыдысты 94%-æй  фылдæр,  байрæджы  кодтой  дыууæ абитуриент.

Дыккаг сессимæ  регистраци алы  фæлварæнон  центры  14:00 сахатыл  райдайдзæн  æмæ  иу  сахат аххæсдзæн.