Ахуырады министры хæдивæгы информацийæ, оккупацигонд Абхазæй абитуриентты хайæн фæлварæнмæ рахизын бантыст
Гуырдзыстоны ахуырады, зонæдты, культурæйы æмæ спорты министры хæдивæг Ирина Абуладзе хъусын кæны, цæмæй оккупацигонд Абхазæй абитуриентты хай, фæлварæнтæм рахизын бахъом ис, фæлæ иннæ хаййæн зæгъгæ сырæзт проблемæтæ.
Ахуырады министры хæдивæгы дзырдæй, хицауад алцыппæт сараздзæн, цæмæй оккупацигонд территорийыл цæрæг абитуриенттæм ахуыры бары реализацийы фадат æрцæуа лæвæрд.
«Нæ информацийæ, иу хаййæн нырид бантыст рахизын, зæгъæн ис се æрдæг рахызстыты. Алы бон æнхъæлмæ кæсæм ситуаци фæхуыздæрмæ. Ингуры а.х. ауадзæн пункты тыххæй, абитуриентты бæрæг нымæцæн сырæзт проблемæтæ. Нæ бон у уый зæгъын, цæмæй алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй сæм лæвæрд æрцæуа ахуыр райсыны фадат», – банысан кодта Ирина Абуладзе.
Гуырдзыстоны ахуырады министры хæдивæг баздæхт оккупацигонд территоритыл цæрæг абитуриенттæм, æнæкæсгæ уымæ, бахъом сты æви нæ фыццаг фæлварæны хайад райсын, куыддæр сæм фадат фæзындзæн, афтæмæй æнæмæнгæй баиу уыдзысты фæдылдзог фæлварæнтæм.
«Мах нæ цæст бадардзыстæм процессмæ æмæ ахицæн кæндзыстæм, цæмæй куыд æмæ цавæр схемæйæ сифтонг сæ кæнæм ахуыры барæй. Ноджы иу хатт сидын абитуриенттæм, кæцытæ абон нæ бахъом сты фæлварæнмæ регистрацимæ рахизын, фæлæ сæ бон бауыдзæн иумæйаг фæлтæрдты кæнæ æндæр фæлварæны фæлгæтты, æнæмæнгæй райсой хайад фæлварæнты», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны ахуырады министры хæдивæг Ирина Абуладзе.
Иууон Националон Фæлварæнтæ абон райдыдта. Абитуриенттæ тест ныффысдзысты гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы.