Ираны фæсарæн хъуыддæгты министры  хæдивæг – Иран атомон бадзырды  домæнтæ нал æххæст кæндзæн
Ираны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг – Иран атомон бадзырды домæнтæ нал æххæст кæндзæн

Иран атомон бадзырды  домæнтæ нал хъахъъхæндзæн – уый тыххæй  Ираны   Исламы  Республикæйы  фæсарæн хъуыддæгты  министры  хæдивæг райхъусын кодта.  Абас  Арачийы   æмбарынгæнæнæй,  Тегераны зæгъгæ фæндыд  2015 азы  баххæсгæ  бадзырды  аирвæзы  кæнын, фæлæ европаг  паддзахадтæ, уый тыххæй   цы  хъуыдис  уый  нæ ракодтой  зæгъгæ.  Нырæфæстæмæ  Ираны Исламы Республикæ ураны бонджын кæныны уынинæгтæ  бадзырдæй  бæрæг  3, 67  процентæй  уæлдæр,  хъæугæ æмвæзады онг   райрæзын кæндзæн.

2018 азы  Дональд Трампы  уынаффæйæ, Америкæйы Иугонд ШТаттæ  Ираны  атомон  фарстамæ гæсгæ  къухæвæрд бадзырдæй  рацыд.  Цæй  фæстиуæгæн дæр Вашингтон Тегераны ныхмæ  санкцитæ сфидар кодта. Цъус рæстæг размæ та,  Ираны райхъусын кодтой, цæмæй  документы къухбафыссæг бæстæтæ, йæ  домæнтæ не  ххæст кæнынц, уый тыххæй  бадзырдæй   бæрæг  домæнтæй  сæхæдæг дæр  сæхи аиуварс кæндзысты.