Ираны  донивылды тыххæй, 70-йы  онг хъæуы эвакуаци цæуы
Ираны донивылды тыххæй, 70-йы онг хъæуы эвакуаци цæуы

Ираны  донивылды тыххæй,   70-йы  онг хъæуы эвакуаци цæуы.  Стихий  бæстæйы  хуыссар-ныгуылæн хайы, Хузистаны  провинцийыл ныццавдта  йæхи.

«ВВС»-йы  хъусинагæй,  фæстаг дыууæ къуырийы мидæн,   донивылды фæстиуæгæн  æдæппæт  45 адæймаг   амард.  Стихий бæстæйы  уæвæг  31  провинцийæ  23  базиан кодта, цæй  тыххæй  дæр  дæсгай   мин адæймаг  æнæхæдзар баззад.

Ираны Исламон Респбуликæйы  фæсарæн хъуыддæгты министр райхъусын кодта, цæмæй  зæгъгæ  донивылдæй зианбавзарæг  регионтæм гуманитарон  æххуысы  бадæттын  не нтысы.  Омар Зарифи  уый аххосагæй бавдыста  АИШ-ы  уагæвæрд  санкцитæ.

Ацы моментмæ стихийы   зонæйы,  ирвæзынгæнæ  куыстытæ  цæуынц.   Операцийы   баст сты   æфсæддон кусджытæ  æмæ  æфсæддон техникæ. Цалдæр  цæрæн пунктимæ  коммуникаци  ацы афонмæ нæй.