Самегрелойы  ивылд  цæугæдон Техура иугонд донæввонг  инфраструктурæ базиан кодта, 32000-æй  фылдæр абонент  æнæдонæй  баззад
Самегрелойы ивылд цæугæдон Техура иугонд донæввонг инфраструктурæ базиан кодта, 32000-æй фылдæр абонент æнæдонæй баззад

Самегрелойы климатон  уавæрты  фæфыддæры фæстиуæгæн  ивылд цæугæдон Техура   иугонд  донæввонг  инфраструктурæ базиан кодта.  Информаци  хъусын  кæны донæввонг компани.

Афтæма сæ хъусинагæй, стихийы  фæстиуæгæн зиангонд у   горæт Сенакы ифтонггæнæг   дыууæ 300 мм-он  æмæ  горæт Потийы   ифтонггæнæг  700 мм-он  централон хæтæлтæ.

«Ацы  этапыл  вазыгджын рельефы  æмæ ивылд доны тыххæй,    зианы  ликвидаци скæнын не нтысы.   Метеорологион уавæртæм гæсгæйæ,   зиангонд инфратсруктурæйы  сноггæнæн  куыстытæ  райдайын гæнæн нæй.  Ивылд  цæугæдон Техурайы фоныл   компанийы   техникон   куыстæн  бынатмæ баæуыны  фадат нæй.

аНæкæсгæ уымæ  иугонд донæввонг компанийы   Самегрелойы   сервисцентры  кусджытæ  активонæй кусынц, цæмæй  цæрджытæн донифтонгад цыбырдæр æмгъуыдты  сног кæной.  Стихийы фæстиуæгæн  донифтонгад арæнгонд у  Сенакы æмæ Потиы  32 000-æй  фылдæр абонентæн. Компани   хатыр куры  сырæзт дискомфорты тыххæй», –  банысангонд у  фидиуæны.