Кентуккийы  штаты донивылды фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты нымæц 28-ы онг сырæзт
Кентуккийы штаты донивылды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 28-ы онг сырæзт

Кентуккийы штаты хурыскæсæн хайы  тæркъæвдайæ расайгæ  донивылдыы  фæстиуæгæн, фæмардуæвджыты нымæц  28-мæ ахæццæ.  Кентуккийы губрнаторы, Энди  Беширы  хъусинагæй,  стихийы  фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæцы цыппар  сывæллон ис.

Фидар къæвжа регионы 27 июлæй  не нцайы. Донивылды фæстиуæгæн сцад сты фæндæгтæ æмæ   цæрæн хæдзæрттæ.

Президент Джо Байден  Кентукки  расидтис катастрофæйы  зонæйæ  æмæ  стихийы  фæстиуæгæн   зыианбавзарджытæн  æххуысæн хъæугæ  суммæты федералон  бюджетæй рауæлдай кæныны барамынд ратта.

Фæстаг авд мæйы дæргъы, Кентуккийы нырид дыккæгæм  æрдзон катастрофæ æрыййæфта.  Декабры штаты, ынгуылæн хайыл сæхи ныццавдтой торнадотæ, кæцыйы амæттаг фесты 80-ы онг адæймаг.