Иран Бритайнаг нефттанкер Бендер-Абасы портмæ аргъæвдта
Иран Бритайнаг  нефттанкер Бендер-Абасы   портмæ  аргъæвдта

Иран Бритайнаг  нефттанкер Бендер-Абасы   портмæ  аргъæвдта.  Уый фæдыл  хъусын кæны «Фаркъ». Ирайнаг  информацион агентады хъусинагæй,   бритайнаг   тырысайы  бын ленкæнæг   танкер æмæ йæ  бортыл уæвæг уæнгты,  Персы бакæлæны  уæвæг   портон сахары,  фæдæвзарæны фæуды онг баззайдзысты.

Бакой  уын кæндзыстæм, 19 июлы   Ормузы  донкъубалы Ираны  Исламон революцийы  гвардийы корпусы  минæвæрттæ  дыууæ бритайнаг   нефттанкеры  æрцахстой. Фæстæдæр иу танкер  йæ  фæндаг адарддæр кодта.

Æрцæугæмæ гæсгæ,  Лондоны  хицауады  уæлвæтк  фембæлд  сырæзь Бæстæйы  фыццаг дипломат  Джереми  Хант та  америкаг   коллегæимæ, Майк Помпеоимæ  теленфонæй  фæныхас кодта.

Стыр Британийы  фæсарæн хъуыддæгты министры  фидиуæнæй,   ныр   Лондон   проблемæйы  дипломативон фæндагæй аскуыддзаг кæныныл кусы, фæлæ  кæд æввахс  фидæны  сырæзт кризис   нæ  аскъуыддзаг уыдзæн, уæд нефттанкеры  ахст,  серьозон фæстиуджытæ расайдзæн.