Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар, USAID-ы къухдариуæггæнæг æмæ ЦÆК-ы сæрдар, ЦÆК-ы ранæуæггонд серверы инфраструктурæ байгом кодтой
Централон Æвзæрстгæнæг Комисийы серверæн хæъугæ инфраструктурæйы байгомы церемони ацыд.
Мадзал байгом кодтой Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан, АИШ-ы æхсæнадæмон рæзынады агентады (USAID)-ы миссийы къухдариуæггæнæг Питер Видлер æмæ ЦÆК-ы сæрдар Тамар Жваниа.
ЦÆК-ы информацийæ, кидерæдасдзинад хуыздæр скæныны нысанæн, ЦÆК-ы серверы инфраструктурæ америкаг фарсы æххуысæй ранæуæг ис, кæцы ЦÆК-мæ дæтты фадат, максималонæй фæкаддæр кæна киберæдасдзинадимæ баст рискытæ.
«Фæнысангонд фарстатæм гæсгæ, æвзарæнон администрацийы къухдариуæгады, USAID-ы æмæ IFES –ы минæвæртты æхсæн бадзырд, нырма ивгъуыд азы январы сырæзт. ЦÆК-ы ацæугæ фембæлдыл фарсытæ, 2020 азы æвзæрстыыты сабыр æмæ æдас уавæрты ауадзын баахъаз кæныныл æрныхас кодтой.
Бафыстæуыд æртæфарсон бадзырд, ЦÆК-ы, æвзарæнон системæты æхсæнадæмон фонды æмæ компани «UGT»-ы æхсæн, кæцыйы бындурыл, «UGT» ЦÆК-æн балхæдта сервертæ æмæ сервертæн æнæмæнгхъæугæ рæвдзгæнæн-ифтонггæнæн аппаратурæ», – хъусын кæнынц ЦÆК-ы.