Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар, USAID-ы  къухдариуæггæнæг æмæ  ЦÆК-ы  сæрдар,  ЦÆК-ы  ранæуæггонд серверы инфраструктурæ  байгом кодтой
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар, USAID-ы къухдариуæггæнæг æмæ ЦÆК-ы сæрдар, ЦÆК-ы ранæуæггонд серверы инфраструктурæ байгом кодтой

Централон Æвзæрстгæнæг Комисийы  серверæн хæъугæ инфраструктурæйы  байгомы церемони ацыд.

Мадзал байгом кодтой Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар  Келли Дегнан, АИШ-ы  æхсæнадæмон  рæзынады агентады (USAID)-ы  миссийы къухдариуæггæнæг Питер  Видлер æмæ  ЦÆК-ы  сæрдар Тамар Жваниа.

ЦÆК-ы информацийæ,  кидерæдасдзинад хуыздæр скæныны  нысанæн, ЦÆК-ы серверы  инфраструктурæ америкаг  фарсы æххуысæй  ранæуæг ис, кæцы  ЦÆК-мæ дæтты фадат, максималонæй  фæкаддæр кæна  киберæдасдзинадимæ баст рискытæ.

«Фæнысангонд  фарстатæм гæсгæ,  æвзарæнон администрацийы  къухдариуæгады, USAID-ы  æмæ  IFES –ы минæвæртты  æхсæн бадзырд, нырма  ивгъуыд азы  январы   сырæзт.  ЦÆК-ы  ацæугæ фембæлдыл  фарсытæ, 2020  азы  æвзæрстыыты  сабыр æмæ æдас уавæрты  ауадзын баахъаз кæныныл æрныхас кодтой.

Бафыстæуыд æртæфарсон  бадзырд, ЦÆК-ы, æвзарæнон системæты  æхсæнадæмон  фонды æмæ   компани  «UGT»-ы æхсæн, кæцыйы бындурыл, «UGT» ЦÆК-æн балхæдта  сервертæ æмæ  сервертæн æнæмæнгхъæугæ рæвдзгæнæн-ифтонггæнæн аппаратурæ», – хъусын кæнынц  ЦÆК-ы.