Гуырдзыстоны æмбæстæгты  æрласынæн  Болгарийæ  сæххæст уыдзæн чартерон авиа-рейс
Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрласынæн Болгарийæ сæххæст уыдзæн чартерон авиа-рейс

Гуырдзыстоны  хицауад  фæсарæйнаг бæстæты  баззайæг  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  организацигондæй фыдыбæстæмæ оласын дарддæр кæны.  Гуырдзыстоны  экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ   рæзынады  министрады  информацийæ,  нырид  снысан ис  чартерон рейс, кæцы  Болгарийы   горæт  Бургасийæ   Гуырдзыстонмæ  дæсгай  æмбæстагы æрласдзæн.

Министрады  хъусинагæй  рейсы  сыххæст кæндзæн  авиакомпани  «Myway Airlines».

Экономикæйы  æмæ æнæфæцудгæ  рæзынады министрады куыд хъусын кæнынц,  афтæмæй,   рес   æрласдзæн  уæзты  ласæг  Гуырдзыстоы   компаниты  кусæг шофырты,  кæцытæн Болгарийаг фарс,  бæстæы  уæвæг   карантины  арæнæвæрдты  тыххæй, быранмæ  схизын æмæ  сæрмагонд  хæдтулгæйæ  балц кæныны  бар нæ  радта.

Чартерæй  рацæуыны  аргъ иу бæлццоныл  уыдзæн 100 евройы  бæрц.  Болгарийæ   чартерæй  æрцæугæ  уæнгтæ 14 бонон   æнæмæнгхъæугæ карантин арвитдзысты  фыдыбæстæйы.