Гиорги Гахариа - Пандеми аивгъуыйдзæн,вирус басæтдзыстæм, фæлæ демокративон  æвзæрстыты  рæстæджы арызт æвзæрст уыдзæн нæ бæстæйы  демокративон райрæзты бындур
Гиорги Гахариа - Пандеми аивгъуыйдзæн,вирус басæтдзыстæм, фæлæ демокративон æвзæрстыты рæстæджы арызт æвзæрст уыдзæн нæ бæстæйы демокративон райрæзты бындур

Фæнды мæ зæгъон æмбæстæгтæн, цæмæй   иуæй-иу  базарадон центрмæ визит  гæнæн ис  бæрзонддæр риск хæсса, æвзарæнон   фадыгыл хъæлæскæнынимæ  абаргæйæ, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны   премьер-министр  Гиорги Гахариа  æхсæнуагдонон  советы  рабадтыл  райхъусын кодта.

Хицауады  сæргълæууæг  æрсидтис æмбæстæгтæм, 31  октябры, саразой  сæрмагонд æвзæрст, уымæн æмæ  премьеры дзырдæй,  уый у алкæцы æмбæстагы  бæрн  бæстæйы  фидæны раз.

«Фæнды мæ зæгъон æмбæстæгтæн, цæмæй   иуæй-иу  базарадон центрмæ визит  гæнæн ис  бæрзонддæр риск хæсса, æвзарæнон   фадыгыл хъæлæскæнынимæ  абаргæйæ. Афтæмæй алчи  иумæ, 31 октябры  хъуамæ саразæм сæрмагонд æвзæрст.  Уый у  алы æмбæстагы  бæрн, бæстæйы  фидæны раз», – райхъусын кодта  Гиорги Гахариа.

Хицауады сæргълæууæг куыд загъта  афтæмæй,   алкæцы æвзарæнон фадыгыл  хъахъхъæд уыдзæн  алы  фæтк, кæцыйы  рекомендаци раттой  эпидемиологтæ.

«Æнхъæлмæ кæсæм бæстæйæ  иуæй-иу  сегасдæр ахсджиаг  æвзæрстытæм.   Гуырдзыстоны хицауад  афтæ, куыд  централон æвзæрстгæнæн комисси, алцыппæт сарызта уый тыххæй, цæмæй   алкæцы  æмбæстагы æвзæрсты бар, кæронмæ сæххæст уа  аæмæ абон нæ бон у  æмбæстæгтæм фæсидын, бацæуой æвзæрстытæм.  Пандеми аивгъуыйдзæн, вирус басæтдзыстæм, фæлæ демокративон  æвзæрстыты  рæстæджы цы æвзæрст сараздзыстут, уый  уыдзæн фидæн азты  дæргъы нæ бæстæйы  демокративон райрæзты бындур. Алкæцы æвзарæнон фадыгыл хъахъхъæд уыдзæн  эпидемиологты  алы рекомендаци», – фехъусын кодта  Гиорги Гахариа.