Парти «Гуырдзыстонæн» Амбролаури æмæ Онийы мэртæм, мажоритартæм кандидаттæ æмæ номхыгъды уæнгты бавдыста
Парти «Гуырдзыстонæн»-ы сæрдар Гиорги Гахариа Рачъайы, Амбролаурийы æмæ Онийы мертæм, мажоритартæм кандлидатты æмæ номхыгъды уæнгты бавдыста.
Онийы партийы мэртæм кандидат уыдзæн Имеда Мешвилдишвили, Амбролаурийы та Парнаоз Бакурадзе.
Гиорги Гахариа фарсхæцджытæм сидты рæстæджы бахахх кодта цæмæй Гуырдзыстоны ныр хъæуынц намысджын профессионалтæ.
«Абон нæ оппоненттæ цыфæнды дæр хъуыды кæнæт, сæхи нымæры алчи æмбарынц, цæмæй ацы æвзæрстытæ, муниципалон æвзæрстытæй фылдæр нысаниуæгджын сты æмæ ацы æвзæрстытæ суыдзысты ивддзинæдты райдайæнæй. Цыфæнды дзурæт уыдон, уæддæр æмбарынц, цæмæй абон «Оцнеба» хъыгагæн бонæй-бон фылдæр «Националон Змæлды» æнгæс кæны, цыфæнды хæппол ныхæстæ кæнæт, фылдæр æмбарынц æмæ зонынц, цæмæй хъыгагæн, раздæхтыстæм ивгъуыд афонмæ» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.