Гиорги Гахариа -  сæйраг принцип хъуамæ уа рæстдзинад,  нæй гæнæн привилегиргонд чысыл къорд,  адæммæ æмбæлгæ дзæьæхдзинæдтæй йæхи куыд фæнды  афтæ пайда кæна
Гиорги Гахариа - сæйраг принцип хъуамæ уа рæстдзинад, нæй гæнæн привилегиргонд чысыл къорд, адæммæ æмбæлгæ дзæьæхдзинæдтæй йæхи куыд фæнды афтæ пайда кæна

Парти «Гуырдзыстонæн»-ы  сæрдар Гиорги  Гахариа  абон  партийы   ног офис байгом кодта Гурджааны.

«Иухатт æмæ æнусмæ  ацы  бæстæйы  хаос хъуамæ  кæрон скæнæм.  Сæйраг у, афтæ  куыд Гуырдзыстоны алы рæтты,  Гурджааны дæр рæстдзинад уа  сæйраг принцип  æмæ ма  уæд привилегиргонд  адæмы  цавæрдæр  чысыл  къорд, кæцы   адæмы,  – зæххкусджыты нæ  æмбæлстæгтæм цы дзæбæхдзинæдтæ æмбæлы уый æппæтæй  пайда кæнæнт йæхи куыд фæнды  афтæ. Уый кæрон скæнын хъæуы!» –  раздæхтис  Гиорги Гахариа  Гурджааны æрымбырдуæвæг фарсхæцджытæм.

Гиорги  Гахариайы дзырдæй, бæстæ  размæ хъуамæ  цæуæд  æмæ  алчи йæ куыст æххæст кæнæт.

«Никæй æфхæрæм, никæмæ хæссæм фыдзæрдæ ахаст,  хæцын æмæ  тох кæнын никæимæ  хъавæм –  сабырæй  араздзыстæм  нæ хъуыддаг æмæ нын  уыдзæн фæстиуæг.  Дзæбæхæй  цы  уыд арызт,  уый  бахъуыды кæндзыстæм  æмæ  æрымысдзыстæм,  æвзæр цы уыдис, уый та  фæивын хъæуы.  Нæрайсгæ  у   æнæфсон кæрæдзи æфхæрын  æмæ æлгъитын.  Уый нæ  дзурын цæмæй  алцыппæт æвзæр уыдис, фæлæ фæстаг 2 азы  дæргъы, иу ран лæууæм.  Уый кæрон скæнын хъæуы.   Ацы  сывæллæтты тыххæй, размæ хъуамæ  фезмæлæм  æмæ  хъуыддаг аразæм» –  райхъусын кодта  Гахариа.

Парти «Гуырдзыстонæн»-ы  сæрдар Гурджааны фарсхæцджытимæ фембæлдыл  акцент сцырын кодта   рæстдзинад æмæ паддзахадон реусурстæ цæрджытæм æмбæрцæй рæувадат куыд уа  уый нысаниуæгы  æрдæм.

«Афтæ гæнæн нæй,   алцыппæтæй пайда кæной привилегиргонд  адæймæгтæ,  æппæт дзæбæхдзинæдтæ рæувадат хъуамæ  уа  адæмы æппæтæй – науæд нормалон бæстæ  саразын нæ бон нæ бауыдзæн.

Дæтдзыстæм сын алы  цæвиттон, куыд  хъуамæ  службæ кæнай  дæ бæстæйæн сабырæй,  цыфæнды æфхæрд æмæ æлгъыстæй цух, æмæ сегасдæр сæйраг –   намысджынæй.  Кæддæриддæр   нæ  фарсмæ уыдзысты   цæсгомджын, æнæкоррупционер æмæ æнæнепотист  адæймæгтæ,  сæрмгаондæй  та  фæндаг ратдзыстæм фæсивæдæн.  Ам Гурджааны, хъыгагæн,  уыйу  сæрмагондæй рахатинаг –  нæй  гæнæн  азты дæргъы æнæивгæйæ  уа адæймæгты  иу къорд – æндæртæн дæр хъуамæ  уа фадæттæ,   хъуамæ сын раттæм фæндаг» –  райхъусын кодта  парти «Гуырдзыстонæны»  лидер.

Информаци ахæлиу кодта партийы  пресс-куыст.