Гиорги Гахариа – Майк Помпеоимæ  ныхасы рæстæджы бахахх кодтон  нæ  хæсдзинад, хæдбар расттæрхоны  æмæ фæззæджы  сæрибар æмæ рæстаг æвзæрстытæ ауадзыны фæдыл
Гиорги Гахариа – Майк Помпеоимæ ныхасы рæстæджы бахахх кодтон нæ хæсдзинад, хæдбар расттæрхоны æмæ фæззæджы сæрибар æмæ рæстаг æвзæрстытæ ауадзыны фæдыл

Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  Майк Помпеоимæ  телефонæй ныхасы  фæдыл   социалон хызагы  фыссы.

«Æхсызгон уыд  паддзахадон нымæрдар  Помпеоимæ АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны стратегион   партнерадыл  æмæ ног сферæты  æмкуысткæнынадыл  ныхас.  Бузныг йын  загътон   нæ  конституцион ивындзинæдтимæ разыйы  тыххæй  æмæ бахахх кодтон   нæ  хæсдзинад  хæдбар  расттæрхоны  æмæ  фæззæджы сæрибар  æмæ   рæстаг  æвзæрстытæ  ауадзыны фæдыл», – фыссы Гиорги Гахариа «Твиттеры».

Гиорги  Гахариа æмæ  Майк Помпеойы æхсæн  телефонæй ныхас  уыд.  Гуырдзыстоны   премьер-министры  пресс-куысты  информацийæ,  фарсытæ   стратегион   прартнерады   сæйраг  фарстатæ  æркастысты.  Майк Помпео æмæ Гиорги Гахариайы  телефонæй ныхæсы тыххæй  официалон информаци  ахæлиу кодта АИШ-ы  паддзахадон департамент дæр.