Гиорги Гахариа – Локдаун нал æрбайсдзыстæм, æнæмæнгхъæугæ нал у, бæстæйы  экономикæ уымæн нал бафæраздзæн
Гиорги Гахариа – Локдаун нал æрбайсдзыстæм, æнæмæнгхъæугæ нал у, бæстæйы экономикæ уымæн нал бафæраздзæн

Локдаун нал æрбайсдзыстæм,  ницæмæн  нæ хъæуы, бæстæйы   экономикæ  йын нал бафæраздзæн, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа  райхъусын кодта.

Афтæма,  йæ  ныхæстæм  гæсгæ, вирусимæ цæрын  æмæ  тох  дæргъвæтин  процесс у, кæцы  æлчи хъуамæ æмбарид.

«Фыццаг уылæны рæстæджы  раст   аргъ скодтам  цы ресурс нæм ис  уымæн,   рахастам риссаг  уынаффæтæ æмæ  вазыгджын локдаун  æрбайстам, фæлæ нæ ма  хъуамæ рох кæнид уый цæмæй  йеуæд  элементарон  маскæтæ нын нæ уыд бæстæйы,  æмæ  уыд   маскæты дефицит.  Уæд арызтам 200 басгæрст æмæ  дунеимæ  иумæ ацы  вирусы фæдыл ницы  зыдтам,  ныфс нæм уыд, цæмæй   цалдæр  мæймæ фæзындаит  вакцинæ.  Хъыгагæн, вакцинæ нæ  фæзындис, абон  стæм  æндæр уавæры.  Уæд карз  арæнæвæрдтæ  æмæ  локдаун  уыд   абсолютонæй раст.  Абон та  æппæт дуне разы  кæны, цæмæй   вирусимæ тохы сегасдæр эффективон амал у  маскæ дарын, кæцы  90 процентæй  фылдæр каддæрдæр кæны  инфицирады  риск,  цæй  зæгхын æй хъæуы  ахæм локдаун нал  æрбайсдзыстæм, уый æнæмæнгхъæугæ нал у, æмæ бæстæйы  экономикæ уымæн нал бафæраздзæн.    Уый тыххæй  дæр  алчи хъуамæ бамбарæм уый, цæмæй  вакцинæ  райсом æмæ  иннæбон нæ  фæзындзæн,  вирусимæ  тох æмæ цæрын  дæргъвæтин  процесс у.  Уымæ æмбæлгæйæ дæр, ацы  дæргъвæтиндзинадмæ гæсгæ,   нæ  стратеги ивы, кæцы у  вирусимæ  адаптаци  æмæ   йæ контрол кæнын. Сегасдæр раст  уынаффæ уыдзæн,  ранæй-рæтты  арæнæвæрдтæ  æмæ  балансы раст ахсын», – райхъусын кодта  Гиорги Гахариа.