Гиорги Гахариа, Австрийы минæвар Арад Бенкоимæ  хæрзбоны  фембæлд ауагъдта
Гиорги Гахариа, Австрийы минæвар Арад Бенкоимæ хæрзбоны фембæлд ауагъдта

Гуырдзыстоны   премьер-министр Гиорги Гахариа,  Гуырдзыстоны  Австрийы   республикæйы   сæрмагонд æмæ æххæстбарджын  минæваримæ,  Арад  Бенкоимæ  хæрзбоны фембæлд ауагъдта.

Хицауады  администрацийы   пресс-куысты   хъусинагæй,   ныхас   цыд  дыууæ бæстæйы  æхсæн  уæвæг   ахастыты сæйраг фарстатыл æмæ фидæны  перспективæтыл,  Гуырдзыстоны  Европаг бонвæткы фæдыл.  Фæембæлыдл   бахахх кодтой   Гуырдзыстоны æнтыст æмæ  позитивон  фæстиуджытæ  «Ковид-19»-имæ тохы æрдгæй.

Арад Бенко  ноджы иу хатт сбæлвырд кодта  Австрийы хъæддых æххуыс Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады рдæм.

Хицауады сæргълæууæг  минæварæн раарфæ кодта  дыууæ бæстæйы æхсæн æмгуыстад  рапарахаты хъуыддаджы хайбавæрды  тыххæй.