Гиорги Гахариа æмæ Венди Мортон  Гуырдзыстоны территориты  оккупацийæ  цæугæ  æртхъирæнтæ, регионон уавæр æмæ Сау Денджызы  регионы  Гуырдзыстоны  рол æркастысты
Гиорги Гахариа æмæ Венди Мортон Гуырдзыстоны территориты оккупацийæ цæугæ æртхъирæнтæ, регионон уавæр æмæ Сау Денджызы регионы Гуырдзыстоны рол æркастысты

Оккупацийæ  цæугæ æтхъирæнтæ,  регионон уавæр  æмæ Гуырдзыстоны  роль Сау Денджызы  уæрæх регионы  уыд сæйраг темæтæ, кæцытыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа  æркастис  Европæйы сыхы  æмæ Америкæйы фарстыты Иугонд падзахады  министр Уенди Мортонимæ  абоны  фæмбæлдыл.

Премьер-министры  пресс-куысты  информацийæ,  хицауады  сæргълæууæг  фæныхас кодта  оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл    уæвæг уæззау гуманитарон уавæрыл æмæ оккупацион  тыхы провокацион архæйдтыл, сæ нымæцы,  оккупацион хаххмæ  хæстæг  цæрæг  æмбæстæгты  æрцахстты  факттыл. Ацы контексты  бахахх ис  Уæрæсейы  оккупацион тыхты Гуырдзыстоны æмбæстаг Заза Гахеладзейы  кæй  æрцахстой,  уыцы факт  æмæ Цхинвалы де-факто  тæрхондон йын  æнæзакононæй  ахст  стæрхон кæныны  уæзау  факт.

Фембæлдыл хъусдард раздæхтой  Гуырдзыстоны ролмæ  Сау Денджызы  уæрæх регионы  контексты  æмæ ацы æрдæм  Иугонд Паддзахады æххуысы  сæрмагонд нысаниуæгмæ.  Ныхас цыд  Гуырдзыстоны æмæ Иугонд Паддзахады  æхсæн дыфууæфарсон æмгуыстады  дарддæры  фæарфдæры æнæмæнгхъæуындзинадыл пост-брекситы   этапыл.  Позитивонæй  аргъ скодтой Гуырдзыстоны æмæ Стыр Британийы  æмгуыстадæн ахæм сферæты, цахæмдæр у  киберæдасдзинад æмæ  гибридон  æртхъирæны ныхмæ тох.

Фембæлдыл ма  афтæдæр банысан ис  глобалон  пандемийæ цæугæ  тас. Премьер-министр   сæрмагондæй  бахахх кодта  Иугонд Паддзахады роль  вакцинæты глобалонæй  рæувадат скæнынæн æххуысы.

Хицауады  сæргълæууæг  Венди Мортонæн  раарфæ кодта Гуырдзыстонмæ визиты тыххæй  æмæ  бахахх кодта   Иугонд Паддзахады  фылдæр активон   бастдзинады  нысаниуæг, сæрмагондæй та  регионы  айтынггонд фæзындтæм гæсгæйæ.

Премьер-министримæ фембæлды фæстæ  Иугонд Паддзахады министр  Европæйы сыхы æмæ Америкæйы фарстыты, Гуырдзыстоны  хицауады администрацийы  хистæримæ иумæ,   кризисты фæткдæттæг национ центрмæ фæуазæг ис, кæцы  сæвзæрдис Иугонд Паддзахады æххуысæй.