Германи Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны æдас бæстæтыл банмайын хъавы
Германи Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны  æдас  бæстæтыл банмайын  хъавы

Германи Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны  æдас  бæстæтыл банмайын  хъавы,   цæмæй хиæмбæхсæн раттыныл  куырдиаты бакуысыны проуцесс фæцырддæр кæна.  «Дойче Веллейы»  зхъусинагæй   уый фæдыл   Германийы  мидхъуыддæгты министр, Хорст  Зеехоффер райхъусын кодта.

Германийы мидхъуыддæгты  министрады  пресс-нымæдар  Штеан  Меййер  куыд загъта афтææмй,   Гуырдызстонæй æмæ Сомихыстонæй   хиæмбæхсæн агурджыты  нымæц бæрзонд  у, фæлæ  æвæрццаг дзуапп уыдонæй  æрмæст тынг  цъус   райсынц.

Германийы миграцийы  æмæ  лигъдæтты  федералон   уагдоны  бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2017 азы   Германийы  лигъдоны статус æркууырдтой Гуырдзыстоны 3462 æмбæстаг, æрмæст Сомихытсонæй та  3857.

2018  азы   райдианы хицауады хицауадон коалицийы  саразыны онг, бадзырдты хайадисæг   партитæ   сразы  æрныхас кодтой,  цæмæй æдас  бæстæты ранымадмæ бахæссдзысты  Алжиры, Мароккойы æмæ Тунисы.  Германийы  хицауадмæ уыдзæн фадат, æдас бæстæты  æмбæстæгты  депортаци батагъдгонд  процедурæйæ  сæххæст кæна.

2014  азы  сентябры, Германи «Æдас бæстæты»  номхыгъдмæ  бакодта, Сербийы, Македонийы æмæ Босниа-Герцоговинаæйы.  Фæстæдæр  фæнысангонд номхыгъдмæ ма бахастой  Албанийы, Коссово æмæ Монтенегройы.