Европарламент, Уæрæсе-Евроцæдисы ахастыты фæдыл резолюци райста, кæцыйы мидæг дзырдæуы Гуырдзыстоны ныхмæ Уæрæсæйы æнæзаконон  архæйдтыты фæдыл
Европарламент, Уæрæсе-Евроцæдисы ахастыты фæдыл резолюци райста, кæцыйы мидæг дзырдæуы Гуырдзыстоны ныхмæ Уæрæсæйы æнæзаконон архæйдтыты фæдыл

Европарламенты   пленарон  сессийыл Уæрæсе-Евроцæдисы  политикон  ахастыты  фæдыл  резолюци райстой, кæцыйы   мидæг Гуырдзыстоны тыххæй  дæр  дзырдæуы.

Резолюцийы  автор  Европарламентари Андриус Кубилиус у.  Документæн схъæлæс кодтой 494 депутаты, 103  йæ ныхмæ уыд, 72  та сæхи фæурæдтой.

Документы мидæг дзырдæуы, цæмæй Уæрæсейы  нырыккон режим  тæссаг у  Европæйы  сабырдзинад æмæ æдасдзинадæн йæ хисæрмагонд адæмы  барты систематон халынæй  æмæ  æддагон политикæйы  агрессивон  архæйдтытæй,  сæ нымæцы  егъаумасштабон  æфсддон  ахуыртæй  æмæ æфсæддон   тыхты  фæтынгæй; Хъырымы æнæзаконон  æмæ  тыхон  оккупаци æмæ анексийæ; Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы  территорион æнæхъæндзинад халынæй  æмæ  дестабилизацийæ;  салд конфликттæ мынæг нæ уадзгæйæ æмæ Украина æмæ  Гуырдзыстоны æхсты фæурæды фæдыл бадзырд ницæмæй даргæйæ; Евроцæдисы уæнг бæстæты нысаниуæгджын  инфраструктурæмæ  кибер-лæбурдтытæй; æхсæнадæмон  закъондæттынад халгæйæ;  æвзæрстыты  процессмæ  хифæкæныны архæйдтæй;  Балтийы æмæ Сау денджзты  регионты бæстæты уæлдæфон  æмæ  денджызон тыгъдадтæ халгæйæ.

Резолюцийы дзырдæуы, цæмæй Уæрæсейы  æндæр æмæ æндæр агрессивон  архæйдтытыл, сæ нымæцы 2008 азы Гуырдзыстоны ныхмæ агрессийыл Евроцæдисæй  адекватон реакци кæй  нæ уыдис  уымæй Уæрæсе  фæныфсджын ис, адарддæр кодтаит  агрессивон æфсæддон  æмæ  политикон кампанитæ уадзын  куыд йæ сыхы  афтæ  сыхы фæлгæтты æддæйæ.

Резолюцийы куыд ис фыст афтæмæй,  Евроцæдис зæгъгæ хъуамæ адарддæр кæна  «Хурыскæсæны партнерады» бæстæты хæдбарадæн, суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн   æнцой дарын  æхсæнадæмонæй  нымад арæнты æмæ бафауа  Уæрæсейы  комкоммæ  æмæ  фæрссаг  хифæкæндтæ   гарзджын конфликтты,  афтæма  йæ  арæнты  кæнæ «Хурыскæсæн Патрнерады»  регионы арæнгæрон æфсæддон тыхты  фидар кæнын, Хъырымы  æнæзакъонон оккупаци æмæ анекси, Донецкы æмæ  Луганскы   де-факто оккупаци, Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд  кæнæ анексиргонд территоритыл адæймæгты барты   æмæ  æхсæнадæмон  барадсасты  факттæ.

Евроцæдис ыдокументы  банысангонд куыд у афтæмæй,  Евроцæдис дырысæй хъуамæ скæна  уый цæмæй Уæрæсеиммæ хуымæтæг  ахастытæ  уæдмæ не сног уыдзысты, цалынмæ уый нæ ныууадздзæн   агресивон политикæ æмæ  гибридон хæст Евроцæдисы, йæ уæнг бæстæты æмæ «Хурыскæсæн Партнерады»   ныхмæ, æмæ уæдмæ цалынмæ   не  сног уыдзæн  Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Украинайы  территорион æнæхъæндзинад. Уый тыххæй  Евроцæдис хъуамæ  бацархайæт цæмæй санкцитæ сæ  тыхы ныууадзæт,  цалымнæ Уæрæсе  сæ аивыны  домæнтæ нæ сыххæст кæндзæн  уæдмæ.

Резолюцимæ гæсгæйæ, Евроцæдисы солидарондзинад «Хурыскæсæн Партнерады» бæстæтимæ хъуамæ уа  куыд  æдасдзинады фарстæты  æууæнкджын партнертыл æууæнк  фæтынг кæныны æрдæм.  Уый тыххæй  Евроцæдисфылдæр  хъуамæ уа баст конфликтты  сабырæй  аскуыддзаг кæныны. Евроцæдис  хъуамæ сифтонг кæна уый цæмæй  «Хурыскæсæн Партнерады» бæстæты  æдасдзинад æмбæлгæйæ  бавдыст у  Евроцæдисы стратегион  компасы.  Уыимæ иумæ, Евроцæдис  хъуамæ æркæса  æдасдзинады сферæты  бадзырдтæ бафыст, кæцы уыдзæн фæлгæт-инвестициты æмæ æдасдзинады сферæйы  æххуыс райрæзын кæнынæн, æфсæддон,  рагысгарæгон æмæ  киберæмгуыстадыæн  Евроцæдисы сыхы  бæрæг бæстæтимæ, цахæмтæ дæр сты Украина, Молдовæ  æмæ Гуырдзыстон, сæ æнæфæцудгæдзинад  стынг кæнынæн.  Евроцæдис ма хъуамæ  кæса ацы бæстæтимæ æмгуыстад æрмæст НАТО-ы ауæрæхдæр кæныны призмæйæ, фæлæ  амбицион хъуамæ уа,    æдасдзинады быцæусидтæн  аргълæвæрды рæстæджы  æмæ æхсæнадæмон партнертимæ  координацигондæй  æркæса «Хурыскæсæн Партнерады»    хæлар ахаст дарæг бæстæтæн  хъахъхъæнынады  ифтонггæрзтæ  бадæттын. Евроцæдис  афтæдæр хъуамæ  стынг кæна  «Хурыскæсæн партнерады» хæлар ахаст дарæг бæстæтæн  æмгуыстад  Европæйы  хъахъхъæнынады  агентады фæлгæтты, ахæм сферæты, цахмæдæр сты  информацион  æмæ   киберхъæддыхдзинад,  рагысгарæгон  информаци баивд, афтæма  ацы бæстæтимæ  хъуамæ  фæактивондæр уа иумæйаг æфсæддон ахуыртæ.

Документмæ гæсгæйæ,   Евроцæдис хъуамæ адæрддæр кæна Украина, Гуырдзыстон, Молдовæ, Сомихыстон, Азербайджан æмæ Белорусæн Евроцæдисы политикон, демокративон, социалон æмæ  барадон критеритæ æххæсткæнынæн æххуыс.

Документы мидæг Европарламентаритæ  хъæугæйыл банымадтой Уæрæсейы  демократийæн фарсрахæцынæн  ног стратеги бакусын.  Резолюцийы  дзырдæуы, цæмæй  Евроцæдис хъуамæ аиртаса Уæрæсейы  хицауад уæрæссейаг адæмæй  æмæ стынг кæна  æмгуыстад партнер  бæстæтимæ  æмæ æмбæстагон  дзыллæимæ  Уæрсейы  продемократон   тенденцитæ стынг кæнынæн.  Афтæма бахъуаджы цауы, Евроцæдис  хъуамæ сфидар кæна ног санкцитæ.