
Европарламенты пленарон сессийыл Уæрæсе-Евроцæдисы политикон ахастыты фæдыл резолюци райстой, кæцыйы мидæг Гуырдзыстоны тыххæй дæр дзырдæуы.
Резолюцийы автор Европарламентари Андриус Кубилиус у. Документæн схъæлæс кодтой 494 депутаты, 103 йæ ныхмæ уыд, 72 та сæхи фæурæдтой.
Документы мидæг дзырдæуы, цæмæй Уæрæсейы нырыккон режим тæссаг у Европæйы сабырдзинад æмæ æдасдзинадæн йæ хисæрмагонд адæмы барты систематон халынæй æмæ æддагон политикæйы агрессивон архæйдтытæй, сæ нымæцы егъаумасштабон æфсддон ахуыртæй æмæ æфсæддон тыхты фæтынгæй; Хъырымы æнæзаконон æмæ тыхон оккупаци æмæ анексийæ; Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы территорион æнæхъæндзинад халынæй æмæ дестабилизацийæ; салд конфликттæ мынæг нæ уадзгæйæ æмæ Украина æмæ Гуырдзыстоны æхсты фæурæды фæдыл бадзырд ницæмæй даргæйæ; Евроцæдисы уæнг бæстæты нысаниуæгджын инфраструктурæмæ кибер-лæбурдтытæй; æхсæнадæмон закъондæттынад халгæйæ; æвзæрстыты процессмæ хифæкæныны архæйдтæй; Балтийы æмæ Сау денджзты регионты бæстæты уæлдæфон æмæ денджызон тыгъдадтæ халгæйæ.
Резолюцийы дзырдæуы, цæмæй Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр агрессивон архæйдтытыл, сæ нымæцы 2008 азы Гуырдзыстоны ныхмæ агрессийыл Евроцæдисæй адекватон реакци кæй нæ уыдис уымæй Уæрæсе фæныфсджын ис, адарддæр кодтаит агрессивон æфсæддон æмæ политикон кампанитæ уадзын куыд йæ сыхы афтæ сыхы фæлгæтты æддæйæ.
Резолюцийы куыд ис фыст афтæмæй, Евроцæдис зæгъгæ хъуамæ адарддæр кæна «Хурыскæсæны партнерады» бæстæты хæдбарадæн, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æнцой дарын æхсæнадæмонæй нымад арæнты æмæ бафауа Уæрæсейы комкоммæ æмæ фæрссаг хифæкæндтæ гарзджын конфликтты, афтæма йæ арæнты кæнæ «Хурыскæсæн Патрнерады» регионы арæнгæрон æфсæддон тыхты фидар кæнын, Хъырымы æнæзакъонон оккупаци æмæ анекси, Донецкы æмæ Луганскы де-факто оккупаци, Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд кæнæ анексиргонд территоритыл адæймæгты барты æмæ æхсæнадæмон барадсасты факттæ.
Евроцæдис ыдокументы банысангонд куыд у афтæмæй, Евроцæдис дырысæй хъуамæ скæна уый цæмæй Уæрæсеиммæ хуымæтæг ахастытæ уæдмæ не сног уыдзысты, цалынмæ уый нæ ныууадздзæн агресивон политикæ æмæ гибридон хæст Евроцæдисы, йæ уæнг бæстæты æмæ «Хурыскæсæн Партнерады» ныхмæ, æмæ уæдмæ цалынмæ не сног уыдзæн Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Украинайы территорион æнæхъæндзинад. Уый тыххæй Евроцæдис хъуамæ бацархайæт цæмæй санкцитæ сæ тыхы ныууадзæт, цалымнæ Уæрæсе сæ аивыны домæнтæ нæ сыххæст кæндзæн уæдмæ.
Резолюцимæ гæсгæйæ, Евроцæдисы солидарондзинад «Хурыскæсæн Партнерады» бæстæтимæ хъуамæ уа куыд æдасдзинады фарстæты æууæнкджын партнертыл æууæнк фæтынг кæныны æрдæм. Уый тыххæй Евроцæдисфылдæр хъуамæ уа баст конфликтты сабырæй аскуыддзаг кæныны. Евроцæдис хъуамæ сифтонг кæна уый цæмæй «Хурыскæсæн Партнерады» бæстæты æдасдзинад æмбæлгæйæ бавдыст у Евроцæдисы стратегион компасы. Уыимæ иумæ, Евроцæдис хъуамæ æркæса æдасдзинады сферæты бадзырдтæ бафыст, кæцы уыдзæн фæлгæт-инвестициты æмæ æдасдзинады сферæйы æххуыс райрæзын кæнынæн, æфсæддон, рагысгарæгон æмæ киберæмгуыстадыæн Евроцæдисы сыхы бæрæг бæстæтимæ, цахæмтæ дæр сты Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстон, сæ æнæфæцудгæдзинад стынг кæнынæн. Евроцæдис ма хъуамæ кæса ацы бæстæтимæ æмгуыстад æрмæст НАТО-ы ауæрæхдæр кæныны призмæйæ, фæлæ амбицион хъуамæ уа, æдасдзинады быцæусидтæн аргълæвæрды рæстæджы æмæ æхсæнадæмон партнертимæ координацигондæй æркæса «Хурыскæсæн Партнерады» хæлар ахаст дарæг бæстæтæн хъахъхъæнынады ифтонггæрзтæ бадæттын. Евроцæдис афтæдæр хъуамæ стынг кæна «Хурыскæсæн партнерады» хæлар ахаст дарæг бæстæтæн æмгуыстад Европæйы хъахъхъæнынады агентады фæлгæтты, ахæм сферæты, цахмæдæр сты информацион æмæ киберхъæддыхдзинад, рагысгарæгон информаци баивд, афтæма ацы бæстæтимæ хъуамæ фæактивондæр уа иумæйаг æфсæддон ахуыртæ.
Документмæ гæсгæйæ, Евроцæдис хъуамæ адæрддæр кæна Украина, Гуырдзыстон, Молдовæ, Сомихыстон, Азербайджан æмæ Белорусæн Евроцæдисы политикон, демокративон, социалон æмæ барадон критеритæ æххæсткæнынæн æххуыс.
Документы мидæг Европарламентаритæ хъæугæйыл банымадтой Уæрæсейы демократийæн фарсрахæцынæн ног стратеги бакусын. Резолюцийы дзырдæуы, цæмæй Евроцæдис хъуамæ аиртаса Уæрæсейы хицауад уæрæссейаг адæмæй æмæ стынг кæна æмгуыстад партнер бæстæтимæ æмæ æмбæстагон дзыллæимæ Уæрсейы продемократон тенденцитæ стынг кæнынæн. Афтæма бахъуаджы цауы, Евроцæдис хъуамæ сфидар кæна ног санкцитæ.