Мака Бочъоришвили Европарламенты фембæлдтæ ауагъдта
Мака Бочъоришвили Европарламенты фембæлдтæ ауагъдта

Европæимæ интеграции комитеты сæрдар  Мака Бочъоришвили  æмæ Европæимæ   интеграцийы комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг   Леван Карумидзе   Страсбургы  европарламенты  пленарон  рабадты  фæлгæтты   фембæлдтæ ауагъдтой. Информаци хъусын кæны  Гуырдзытоны   парламенты пресскуыст.

Афтæма сæ  хъусинагæй,   гуырдзиаг  закъондæтджытæ   æндæр æмæ æндæр политикон  къордимæ   европарламенты  уæнгты, уый нымæцы  Гуырдзыстон-Евроцæдисы парламентон   комитеты  æмсæрдаримæ, Гуырдзыстоны  фарстайыл  европароламенты  æмраныхасгæнæгимæ æмæ фæсарæн хъуыддæгты комитеты уæнгтимæ фембæлдысты.

«Æркæсинаг  темæты æхсæн уыдис  Гуырдзыстон-Евроцæдисы æмгуыстады  актуалон  фарстатæ, Евроцæдисы   ауæрæхы  политикæйы  Гуырдзыстоны  интеграцийы  боны фæтк,  Гуырдзыстоны нысаниуæг  Европæйы геополитикон  цæстæнгасæй, Европарламенты æмæ Гуырдзсы  цæугæ  азы  плангонд  æвзæрстыты  æнхъæлмæкæсинаг фæстиуджытæ.

Банысанкæнинаг у, цæмæй Европарламенты æрцæттæ ис Евроцæдисы иумæйаг  фæсарæн  æдасдзинады политикæйы æмæ хъахъхъæнынады  фæдыл  дыууæ  хыгъдлæвæрд, кæцыты  æвдыст у  Гуырдзыстонæн евроинтеграцийы  æххуыс æмæ карзæй у фауд  Уæрæсейы цæугæ  оккупаци Гуырдзыстоны  хæйтты – Абхаз æмæ Цхинвалы  регионты.

Страсбургмæ  визиты фæлгæтты европарламенты 17-æй  фылдæр фембæлд  ацыд, кæцытыл   афтæма  Евроцæдисимæ  Гуырдзыстоны  минæварады къухдариуæггæнæг Бельгийы  Падзахады  æмæ Люксембургы   Стыр Герцогады  Гуырдзыстоны  минæвар Вахтанг Махароблишвили иста  хайад», –  банысангонд у  парламенты пресс-куысты  информацийы.