Европарламент хъæлæсты фылдæры хайæ Брекситы фæдыл бадзырд сфидар кодта

Европарламент   хъæлæсты  фылдæры  хайæ  Брекситы фæдыл  бадзырд сфидар кодта.   Евроцæдисæй  Британийы  рацыды аууæлтты  фæдыл  документимæ сразы  сты   621 депутат,  йæ ныхмæ  схъæлæс  кодтой   49 æмæ 13  та хъæлæскæнынæй  сæхи баурæдтой.

Ныр  документ   хъуамæ   сбæлвырд кæна  Евроцæдисы  совет, фæлæ  ацы  процедурæ  формалон равг  хæссы.

Куыд æнхъæлынц,   афтæмæй Евроцæдисы  совет  Брекситы  бадзырд формæйыл скæндзæн  30 январы,  кæцы  уый  амонæг у, цæмæй  31  январы   Стыр Британи  Евроцæдисæй  фæхицæн уыдзæн.

Брекситы фæстæ,  1 февралæй   райдайдзæн  11  мæййон   ахизгæ  период,  кæцыйы  дæргъы   Стыр Британи   бакоммæ кæсдзæн  Евроцæдисы уагæвæрдмæ, фæлæ  нал  уыдзæн  минæвар   организацийы   институтты.