Виктор Орбан хъусын кæны, цæмæй 2008 азы гæнæн уыдис Украина æмæ Гуырдзыстоны райсын Евроцæдис æмæ НАТО-ы уæнгтæм, фæлæ ацы шанс ауагъдтой
Венгрийы премьер-министр Виктор Орбаны фидиуæнæй, 2008 азы гæнæн уыдис Украина æмæ Гуырдзыстоны райсын Евроцæдис æмæ НАТО-мæ, фæлæ ацы шанс ауагъдтой. Орбаны дзырдæй, уый фæстæ Уæрæсе стыхджын ис æмæ ныр ацы процесс нал бауадздзæн.
«Мах нæ бахъом стæм Украина æмæ Гуырдзыстоны уæнгсуæвыны бадзырдты æнтыстджынæй фæуын, цæмæй дæр фесæфтам Украинайы куыд Евроцæдис æмæ НАТО-ы фидæн уæнгы перспективæ» – райхъусын кодта Орбан.
Уыимæ, Виктор Орбаны дзырдæй, Украина хъуамæ баззайа «буферон зонæйæ» Уæрæсейы æмæ Ныгуылæны æхсæн, кæцы ифтонггонд уыдзæн æдасдзинады бæрæг гарантитæй, фæлæ нæ уыдзæн Евроцæдисы кæнæ НАТО-йы уæнг.
«Уæ зæрдæмæ цæуы æви нæ, цæуы æви нæ украинæгты зæрдæмæ, уæддæр Украина картæйыл кæм ис, уым ис. Сегасдæр хуыздæр перспективæ у, цæмæй баззайа буферон зонæйæ Уæрæсе æмæ ныгуылæны æхсæн – кæй зæгъын æй хъæуы æдасдзинады гарантитимæ. Уый сын нæ баххуыс уыдзæн, Украина фесафдзæн территоритæ. Уæрæсе та фæстæмæ скуынæг кæндзæн Украинайы. Уæрæсе никуы бафидаудзæн йæ арæнтыл Евроцæдисы æмæ НАТО-йы уæнгты разындимæ, цахæмдæр у Украина», – банысан кодта Орбан.
Венгрийы премьер-министры хъуыдымæ гæсгæйæ, Уæрæсе-Укрианайы хæст 2024 азы нæ фæуыдзæн æмæ æнæмæнгхъæугæ у, иууыл цъус, ифтонггонд уа æхсты фæурæд æмæ ситуаци бацæуа уыцы фазæмæ, кæцыйы гæнæн уыдзæн бадзырдтæ ауадзын.
Уый йеддæмæ ма, Орбан нымайы, цæмæй Европæ, Украинайæн æгъгъæд бæрцæй æхсæнгарзæй баххуыс кæнын нæ бафæраздзæн, уымæн æмæ Евроцæдисы бæстæты дзыллæты «ахæм æхххуыс уæлдайæ нымайынц».