Дональд Трамп Владимир Зеленскийы  Урс  Хæдзармæ фæхуыдта
Дональд Трамп Владимир Зеленскийы Урс Хæдзармæ фæхуыдта

АИШ-ы президент  Дональд Трамп, йæ    Украинаг  коллегæ Владимир Зеленскийы Урс Хæдзармæ фæхуыдта.  Ацы  фидиуæн Дональд Трамп  журналисттимæ сарызта.

«Цæй  зæгъын æй  хъæуы  фæнды  мæ  æрбахонон æй,  мæ хъуыдымæ  гæсгæ  уымæн йæхи  дæр фæндыд  ардæм æрцæуын» –  райхъусын кодта  Америкæйы  Иугонд Штатты   президент.

Бакой уын кæндзыстæм  Дональд Трампы æмæ  Владимир Зеленскийы   алыварс бæрæг скандал   уый фæстæ  сæвзæрд,  бæрæг куы  ссис  цæмæй,  июлы   телефонон  ныхасы рæстæджы, АИШ-ы  президент   Украинайы  президентмæ æрсидтис,    раздæры  вице-президент Джо Байдены   ныхмæ  фæдæвзарын райдайынмæ.  Ацы   хъуыддагмæ  гæсгæ ныр   АИШ-ы   Конгрессы  цæуынц  кастытæ, фæуæлдайджын кодта æви нæ   бæстæйы  президент йæ  æххæстбартæ  уый  фæдыл.