Дональд Трамп æмбæстагон фæлывдмидзинады хъуыддагыл уымæн тæрхонгонд 175 милуан доллары бæрц цъынды бафыста
АИШ-ы раздæры президент Дональд Трамп æмбæстагонд фæлывдмидзинады хъуыддагыл уымæн тæрхонгонд цъынды бафыста. Уый фæдыл информаци, Трамп публикаци скодта социалон хызаджы.
Цъындыйы бæрц 175 милуан доллар у.
АИЩШ-ы раздæры президенты фидиуæнæй, уымæй зæгъгæ уый йæхи аиуварс кодта активты байстæй, кæцы цъындыйы æнæбафидыны цауы уыд гæнæн æрцыдаит. Фæлæ уый фæнысангонд хъуыддагыл йæхи аххосджыныл нæ нымайы.
Нью-Йоркы апеляцион тæрхондон сразы ис Дональд Трампы куырдиатимæ, фæурæдтаиккой æмбæстагон фæлывдмидзнады хъуыддагыл уынаффæйы сæххæст æмæ йын раттой дæс боны, фæкъаддæргонд цъынды 175 милуан доллары бафидынæн. Уæдмæ та йæ адвокаттæ райхъусын кодтой, цæмæй Трампæн йæ бон нæ бауыдаит 464 милуан доллары бæрц ивары бафидын, нæкæсгæ уымæ, цæмæй бирæ финансон компанимæ баздæхт æххуысмæ.