Дональд Трамп – мæн нæ фæнды æхсты фæурæды рæстæг адарддæр кæнын, æнхъæлмæ кæсын бомбæтæм, мæнмæ гæсгæ хуыздæр у бадзырдтæм бацæуын ахæм ахастæй, ныфс дарын, стыр бадзырдмæ кæй баххæсдзыстæм
Дональд Трамп – мæн нæ фæнды æхсты фæурæды рæстæг адарддæр кæнын, æнхъæлмæ кæсын бомбæтæм, мæнмæ гæсгæ хуыздæр у бадзырдтæм бацæуын ахæм ахастæй, ныфс дарын, стыр бадзырдмæ кæй баххæсдзыстæм

Дональд Трамп сиды, цæмæй йæ нæ фæнды Ираны æхсты фæурæды бадзырд адарддæр кæнын æмæ йæ ныфс ис, цæмæй бадзырдтæ «стыр бадзырдæй» фæуыдзысты – уый фæдыл АИШ-ы президент CNN-имæ интервьюйы райхъусын кодта.

«Нæ мæ фæнды æхсты фæурæд адарддæр кæнын. Фæстагмæ мæ ныфс ис, стыр хъуыддагмæ кæй æрцæудзыстæм, æндæр гæнæн сын нæй. Скуынæг кодтам сæ флот, сæ уæлдæфон æфсад æмæ сæ къухдариуæггæнджыты. Фæстаг иуæрдыгæй вазыгджындæр кæны уавæр, фæлæ ныр ацы къухдариуæггæнджытæ бирæ рационалондæр сты. Уый у режимы ивд, куыд æй хонут, кæй зæгъын æй хъæуы, уый нæ загътон, æз æй сарæзтон чи зоны, æнæкомкоммæ, фæлæ йæ æз сарæзтон. Мах стæм фидар позицийы бадзырдтæ кæнынæн», — загъта Трамп.

АИШ-ы президент афтæ дæр нæ аиуварс кодта Ираны ныхмæ æхстытæ сног кæнын.

«Æз æнхъæлмæ кæсын бомбæппæрстытæм, уымæн æмæ мæнмæ гæсгæ хуыздæр у бадзырдтæм бацæуын ахæм æгъдауæй. Мах цæттæ стæм. Æфсæддонты фæнды хæцын», — загъта Трамп.

Трамп афтæдæр расидтис, цæмæй АИШ-ы æфсæддонтæ цы наутæ æрлæууын кодтой, уыдонæй иу ссардта цавæрдæр уаргъ, кæцы гæнæн ис æмæ Китайæ Иранмæ æрвыст æрцыдаид.

«Знон æрцахстам нау æмæ дзы ссардтам цыдæр, кæцы тынг хорз нæ уыд. Чи зоны, «Китайæ лæвар». Нæ зонын. Æз бынтондæр дис кæнын, уымæн æмæ мын ис хорз ахастытæ Си Цзиньпинимæ, фæлæ уый ницы у, афтæ у хæст», — загъта Трамп.