Дональд Трампы  фидиуæнæй, зæгъгæ уый Европæмæ куы бартхъирæн кодта, цæмæй сын бырсты цауы нæ   баххуыс кæндзæн, Европæйы бæстæтæ хъахъхъæнынады  сферæйыл фылдæр  бахардз кодтой
Дональд Трампы фидиуæнæй, зæгъгæ уый Европæмæ куы бартхъирæн кодта, цæмæй сын бырсты цауы нæ баххуыс кæндзæн, Европæйы бæстæтæ хъахъхъæнынады сферæйыл фылдæр бахардз кодтой

АИШ-ы раздæры президент  Дональд Трамп  хъусын кæны цæмæй, уый  Европæмæ  куы  бартхъирæн кодта, ома сæм бырсты  цауы  нæ сын баххуыс кæнид, Европæйы  бæстæтæ фылдæр бахардз кодтой  сæрмагонд хъахъхъæды  сферæйыл.

Нью Хемпширы  уагъд  акцийыл   ралæуды рæстæджы  АИШ-ы раздæры  президент  ноджы иу  хатт скритикæ кодта  Европæйы бæстæтæ  хъахъхъæнынады  сферæйы АИШ-ы  бастдзинады тыххæй.

Трампы дзырдæй, зæгъгæ Европаг  лидертæ президентдзинады периоды  йæ бафарстой,  нысан кæны æви нæ  йæ  фидиуæнтæ, цæмæй   кæд Европæ фылдæр суммæ  нæ  нывæрдтаит, уæд   бырсты цауы АИШ  сын нæ баххуыс кодтаит, цæуылдæр Трампы дзырдæй,  уый  ахæм дзуапп ратта: «Æз  мæ  хъуыдыйы  цы дарттон  раст уый загътон.  Уый фæстæ рацыд  миллиардгай доллар».

Уæдмæ, йехадæг  рауагъдад  «Политико»  европаг   бæрзонд гæстыл æнцойæ, ахæлиу кодта информаци, ома президентдзинады рæстæджы  Трамп  Еврокомиссийы  президент Урсула фон дер Ляйенæн  загъта, цæмæй Европæмæ бырсты  цауы, АИШ сын нæ баххуыс кодтаит.   Уый тыххæй  Байдены æвзарæнон штабы уæнгтæ  Трампы  карз скритикæ кодтой.