Дональд Трамп  2021 азы январы Капитолийы бæстыхайы штурмы тыххæй  æрцахстуæвджыты  ссæрибар кæнын домы
Дональд Трамп 2021 азы январы Капитолийы бæстыхайы штурмы тыххæй æрцахстуæвджыты ссæрибар кæнын домы

 

Дональд Трамп уыцы уæнгты  ссæрибар кæнын домы, кæцыты  2021 азы январы  Капитолийы бæстыхаймæ  штурмы тыххæй æрцахстой.

Айовайы штаты фарсхæцждыты раз ралæуды  рæстæджы  Трамп 2021 азы   6  январы   фæзындты тыххæй  ахсты уæвæг   уæнгты  «амынæтæй» схуыдта  æмæ  райхъусын кодта, цæмæй  сæм  «Байдены администраци  æнæмбæлон  ахаст дартта».

«Алцыппæт Йовайы  штатæй  райдайдзæн  15 Январы  æмæ   Байдены бананты республикæ  2024 азы 5 ноябры  фæуыдзæн.   Уæ æххуысæй  бæстæ æрыздахдзыстæм.  Ыссæудзыстæм  зындонæй, кæцыйы  ис ацы бæстæ.  Уыдон хъуамæ ссæрибар кæной  16  амынæты.  Æгъгъæд фæфыдæбон кодтой.   Æз сæ амынæтæй  хонын. Иуæй-иутæ  сæ  ахæсттæй хонынц. Джо, ссæрибар кæн  16  амынæты.   Дæуæн уый саразын у æнцон», –  райхъусын кодта Трамп.

Дзырдæй ралæуды рæстæджы Трамп   банысан кодта, цæмæй  2020 азы  æвзæрстытæ  фæмæнг сты æмæ  уый политикон сурыны амæттаг у.