Медиайы хъусинагæй, тæрхонгæнæг Трампæн рагфæдзæхст ратта, ома йæхи баурома социалон хазæгты ахæм публикацитæ аразынæй, кæцытæ гæнæн ис тыхмидзинады расайæг суа
Тæрхонгæнæг бафæдзæхста Трампы, йæхи баурома социалон хызæгты ахæм публикацитæ аразынæй, кæцы гæнæн ис тыхмидзинад цырынгæнæг суа. Уый фæдыл информацийы, рауагъдад «Хилл» хъусын кæны.
Рауагъдады куыд фыссынц афтæмæй, АИШ-ы раздæры президенты адвокат райхъусын кодта, цæмæй Трампæн тæрхонгæнæджы ацы рагфæдзæхстыл «карз реакци уыд» æмæ уый «ныфссаст» æмæ «Мæсты» уыд. Адвокаты дзырдæй, «Трампы социалон хызæгты арызт публикацитæ æртхъирæн не сты».
Бакой уын кæндзыстæм АИШ-ы раздæры президент Нью-Йоркы тæрхондонмæ бацыды размæ сæрмагонд социалон хызаджы ахæлиу кодта фидиуæн, кæцыйы йæ хъуыддаджы тæрхонгæнæгы субъективонæй схуыдта.
Банысанкæнинаг у цæмæй тæрхонгæнæджы ацы рагфæдзæхсты фæстæ дæр Дональд Трамп Флоридæйы ралæуды рæстæджы ноджы иу хатт загъта, цæмæй уымæн бавдыст аххосæгтæ политиконæй мотивацигонд сты. Ай ралæуды Трамп Манхэеттены зылды прокурроры «Соросы æххуысæй архайæгæй» схуыдта, æрмæст тæрхонгæнæджы та йæ бинонтæм фыдзæрдæ дарыны фæзылынджын кодта.