- Стыр Британийы фæсарæн хъуыддæгты раздæры министр Борис Джонсон АИШ-ы президент Дональд Трампимæ фембæлдыл нæзагъд ракодта. Уый тыххæй информацийы хъъусын кæны агентад «Ройтерс».
Журналисттæн бæрæг куыд ыссис афтæмæй, Стыр Британийы фæсарæн хъуыддæгты раздæры министр телефонæй аныхас кодта АИШ-ы президентимæ, кæцы рæстæджы дæр йын банхъарыдысты Трампимæ фембæлын, цæуылдæр Джонсон не сразы ис.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй Дональд Трамп ныр Стыр Бриатнийы уæвы паддзахадон визитæй. Ацы минутты уый Иугонд Паддзахады премьер-министр Тереза Мэйимæ æмбæлы, кæцы йæ куыстбынатæй йæхи 7 июны хъуамæ суæгъд кæна.
Лондонмæ ныццæуыны онг Дональд Трамп цалдæр хатт раппæлыд Борис Джонсонæй æмæ райхъусын кодта, цæмæй Лондоны раздæры мэр, Британийы премьер-министрæй снысаны цæуы зæгъгæ, «хорз куыст сыххæст кæнит».