Анаклиайы цæугæ фестивалыл наркофыдракæнды тыххæй Гуырдзыстон æмæ Ираны цыппар æмбæстагы æрцахстой
Ганмухуры хъæуы, цæугæ эллектронон музыкйæы фестивалыл наркофыдракæнды тыххæй цыппар гоймагы æрцахстой – уый фæдыл информацийы мидхъуыддæгты министрад хæлиу кæны.
Уагдоны хъусинагæй, фæдæвзарæн мадзæлттæ ауагъто Самегрело-Уæллаг Сванеты полицийы департаменты æмæ централо н криминалон полицийы департаменты кусджытæ иуæймагæй.
«Барадхъахъхъæнджытæ цалдæрбонон оперативон-фæдæвзарæн куысты фæстиуæгæн, фестивалы райдаынæй, фыццаг бон, Ираны дыууæ æмæ Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстагы, наркотикон фæрæзты æнæзакъононæй балхæд-бавæрыны аххосæй æрцахстой. Ахст сты Ираны æмбæстæгтæ :1984 азы гуырд А.К. æмæ 1995 азы гуырд С.А., афтæдæрæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ: 1985 азы гуырд И.К. æмæ 1980 азы гуырд Б.К.
Ахст уæнгты джигулы рæстæджы æндæр æмæ æндæр хуызы наркотикон фæрæзтæ бæлвырдгæнæнты хуызæй систой, снысан ис æмбæлон экспертизæтæ.
Фæдагуырд цæуы тугтæрхоны барады кодексы 260-æм статийы фыццаг хайæ, кæцы наркотикон фæрæзæтæй æнæзакъононæй æрцæттæ, амалиуæгад, балхæд, бавæрын, иу бынатæй иннæ ранмæ æрвыст кæнæ реализаци дары йæ хъуыдйы» – банысангонд у МХМ-ы информацийы.