МХМ  Тбилис æмæ регионты наркофыдракæнды тыххæй  21  гоймагы æрцахста, сæ нымæцы  18 наркореализаторы
МХМ Тбилис æмæ регионты наркофыдракæнды тыххæй 21 гоймагы æрцахста, сæ нымæцы 18 наркореализаторы

Мидхъуыддæгты министрад Тбилисы, Лагодэхы, Марнэулы, Рустав æмæ  Батумы  наркореализаторты рацахста, систой  сæрмагондæй  стыр бæрцæй  æндæр æмæ æндæр  хуызы  наркотикон  фæрæзтæ.  Уый фæдыл  банысангонд у МХМ-ы ахæлиугонд фидиуæны.

«Фæдагуырдæй фæбæрæг ис, цæмæй   зылынмæ лæвæрдтæ  наркотикон  фæрæзтæ  систематонæй уæй кодтой.  Барадхъахъхъæнджытæ,  тæрхонгæнæджы уынаффæйы бындурыл,  цалдæр хатт  сыххæст  кодтой  наркотикы балхæд  æмæ   фæнысангонд  балхæдты сусæг   аудио-видео ныффыстой .

Пъæлицæйы   ахст  3 уæнг  социалон хызагы  уæвæг   наркореализаторты  организацигонд балы  курьертæ уыдысты.  Уыдон наркотикон  фæрæзтæ Тбилисы, æндæр æмæ æндæр рæтты  æнæзакъонон реализацийы нысанæн  иу бавæрдтой æмæ  сæ   уæй кодтой.

Барадхъахъхъæнджытæ  сæхи æмæ сæ  цæрæн хæдзæртты  джигулы  рæстæджы,   бæлвырдгæнæны хуызæй систой   сæрмагондæй  стыр бæрцæй   æндæр  æмæ æндæр хуызы   наркотикон  фæрæзтæ, уый нымæцы   8 литры онг  ног психоактивон  буарад.  Джигулы рæстæджы  ист уыд стыр бæрцæй суммæ», –   хъусын кæнынц  МХМ-ы.

Наркофыдракæнды факттыл фæдагуырд цæуы Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады  кодексы  260-æм  статийæ.