Амиран Гамхърелидзе – Гом тыгъдадты маскæ дарын, сæрмагондæй та разæвзарæнон периоды, æнæмæнгхъæугæ  уыдзæн
Амиран Гамхърелидзе – Гом тыгъдадты маскæ дарын, сæрмагондæй та разæвзарæнон периоды, æнæмæнгхъæугæ уыдзæн

Низты контролы  националон центры къухдариуæггæнæг  Амиран Гамхърелидзейы  фидиуæнæй,   зæгъгæ бæстæйы  эпидемиологион уавæр  æгæр фæфыддæрдæр ис.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  абон координацион советы  рабадтыл фæуынаффæ кодтой,  цæмæй  цы  уæлæмхас  мадзæлттæ райсын   хъæуы  æмæ  цавæр рекомекндацитæ раттын бахъæудзæнвирусы ахæлиу бауромынæн.

Амиран Гамхърелидзе  пандемийы  басæттынæн фæндагыл  цалдæр  нысаниуæгджын  æрдæмад  ранымадта, сæ нымæцы  вакцинацимæ активондзинад  æмæ æнæмæнгхъæугæ рекомендациты æмбæлонæй æххæст кæнын.

«Иуæй-иу  фыццаг  æрдæмад, кæцы  абон  советыл æркастыстæм, у  вакцинаци интенсивондæр скæнын, афтæдæо   маскæ  максималонæй дарын –  мандатононæй  æхгæд  тыгъдадты, æрмæст æддæйæ  уым цы ран   адæм æмбырд кæнынц, сæрмагондæй  та   разæвзарæнон периоды  æнæмæнгхъæугæ уыдзæн  гом тыгъдадты  маскæ  дарын.

Сæйраг у  стыр æмбырдты  æххæстæй тобæ, уыдзæн уый зиан,  чындзæхсæв, концерттæ,  алцыппæты превенци скæнын бахъæудзæн.  Уыимæ иумæ,  æнæмæнгхъæугæ уыдзæн   арæныл уæлæмхас  контрол, афтæма   бынæтты мобилизаци, сæрмагондæй та  фысымуæтты.  Абон ноджы  æндæр  хæслæвæрдтæ дæр уыд  координацион советæй, цæмæй  мобилизаци скæной уаттæ,  цæмæй  адæймæгтæн куыд фæрынчынуæвджытæн афтæ семæ контакты  уæвджытæн, кæмæндæриддæр нæй  изоляцийы  уавæртæ,  паддзахад  сифтонг кæна  сæ изоляци, цæмæй   вирусы алæвæрды  рæхыс скуыд  æрцæуа», –  райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.