Александр Вершбоу – дзырд раттам, цæмæй  Украина æмæ  Гуырдзыстон суыдзысты НАТО-ы уæнгтæй, уый саразын гæнæн ис  исты ног, ассоциацигонд уæнгы статусæй
Александр Вершбоу – дзырд раттам, цæмæй Украина æмæ Гуырдзыстон суыдзысты НАТО-ы уæнгтæй, уый саразын гæнæн ис исты ног, ассоциацигонд уæнгы статусæй

Политикон процесстæм хифæкæныны  æмæ киберæдасдзинад срæвдз кæныны хъуамæ баххуыс кæнæм  Украинайæн, Гуырдзыстонæн æмæ   ныр та  Белорусæн дæр, цæмæй  бахъахъхъæной  сæрмагонд суверенитет, – уый фæдыл  НАТО-йы   генералон нымæрдары  раздæры  хæдивæг  Александр Вершбоу, «Атлантикон советы»  организацигонд  мадзалыл райхъусын кодта. Информаци  ахæлиу кодта «Америкæйы  хъæлæс».

Рауагъдады хъусинагæй, дипломат, Уæрæсейы  агрессивон  архайдты  ныхмæ   хардзтæ фæфылдæр кæныныл фæныхас кодта.

«Атлантикон Советы»  организацигонд  мадзалыл, НАТО-ы   генералон нымæрдары   раздæры хæдивæг,Александр Вершбоу  райхъусын кодта,  цæмæй  Украина  æмæ Гуырдзыстоны НАТО-ы уæнгсуæвынæн,  гæнæн ис  хуыздæр уа   ног статусы саразын,  дæнцæн, ассоциацигонд уæнгы  статус.

«НАТО-йы   Уæрæсейы  уæнгæй уæвыны фарстайыл серьозонæй  тæрхон кодтой Клинтон æмæ  Ельцин.  Фæлæ хъуыддаг, уымæй фæстæмæ, размæ никуы рацыд.  Разы дæн  хъуыдыимæ, цæмæй гæнæн ис, ацы  фарстамæ  исты формæйæ æрыздæхæм. Дæнцæн,  хуыздæр æмбæстагон ахастытæ НАТО æмæ   Уæрæсейы æхсæн,  цæмæй  сæм ма уа  æнкъарæн, ома НАТО-Уæрæсейы  партнерад æрмæст  фасадон ахаст у.  Уый саразын гæнæне ис  иу  æппæтылæххæссæг методæй.  Цæмæй  цы аразæм Украина æмæ  Гуырдзыстоны уæнгтæй суæвынмæ тырнынады фæдыл: мах сын дзырд раттам, цæмæй Украина æмæ Гуырдзыстон  суыдзысты НАТО-йы  уæнгтæ, фæлæ   рагхыгъд нæ  бакодтам, куыд  сыххæсткæнæм ацы  дзырд.  Уый гæнæн ис  исты ног, ассоциацигонд уæнгы статусы фæрцы,  Украина æмæ Гуырдзыстонæн», – райхъусын кодта  Вершбоу.