Йенс Столтенберг – Путин  куы фæуæлахиз уа, уæд Украинамæ  æнхъæлмæ кæсы  трагеди,  фæлæ уый махæн дæр тæссаг уыдзæн, уый тыххæй Украинайы фæрвæзын кæнын нæ интерестæм цæуы
Йенс Столтенберг – Путин куы фæуæлахиз уа, уæд Украинамæ æнхъæлмæ кæсы трагеди, фæлæ уый махæн дæр тæссаг уыдзæн, уый тыххæй Украинайы фæрвæзын кæнын нæ интерестæм цæуы

НАТО-йы генералон  нымæрдар  Йенс Столтенберг  хъусын кæны, цæмæй  æмцæдисонтæ  хъуамæ адарддæр кæной  Украинайæн  фарсдарын.

Столтенбергы  дзырдæй,  Украинайæн дарддæры фарсдарын  йæхæдæг НАТО-ы  интерестæм цæуы.

«Хъуамæ  æмбарæм, цæмæй  кæд президент Путин  фæуæлахиз уыдзæн, Украинамæ æнхъæлмæ кæсы  трагеди,  фæлæ  уый махæн дæр тæссаг уыдзæн.  Уый тыххæй  дæр  Украинайы  аирвæзын кæнын  нæ интерестæм цæуы», –  банысан кодта НАТО-йы генералон нымæрдар.

Йенс Столтенбергы  фидиуæнæй,  зæгъгæ  ма  хъуамæ зæгъой нæйы Украинайæн æххуысыл  æмæ  бæстæйæн  йæ фарсмæ хъуамæ слæууой  куыд  фарны æмæ фыд бонты рæстæджы.

«Мах афтæдæр хъуамæ  бацæттæ уæм æвзæр хабæрттæм.  Хæстыты  цыд  нæу  иудадзыг,  фæлæ  ивгæ  процесс у.  Мах хъуамæ йæ фарсмæ слæууæм  Украинайæн  куыд фарны, афтæ  фыд бонты рæстæджы.  Нырыккон  хæст  у  тох  эффективондзинадæн, тох логистикæйæн», – банысан кодта Столтенберг.