НАТО-ы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, рауагъдад «Бильды» хъуыды, ома Германи февралы Уæрæсейы æрдгæй НАТО-ы хурыскæсæн флангмæ гибридон бырстмæ цæттæ кæны, æрмæстдæр  ахуырадон сценарий у
НАТО-ы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, рауагъдад «Бильды» хъуыды, ома Германи февралы Уæрæсейы æрдгæй НАТО-ы хурыскæсæн флангмæ гибридон бырстмæ цæттæ кæны, æрмæстдæр ахуырадон сценарий у

Цæгат-атлантикон альянсы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  рауагхдад «Бильды» статийы  лæвæрд хъуыды, ома Германийы  гарзджын тыхтæ  2024 азы  февралы  Уæрæсейы æрдгæй НАТО-ы  хурыскæсæн флангыл  гибридон бырстмæ цæттæ кæнынц, æрмæстдæр ахуырадон сценари у.

Уый фæдыл  НАТО-ы раздзог  фæлтæрды стратегон коммуникациты  центры директоры Яннис Сартс фыссы социалоны хызаджы.

«Бильд» самал кодта  ахуырадон сценари, кæцы кæддæриддæр  у æрымысгæ уавæр, цæмæй басгарæм  æфсæддон фадæттæ  æндæр æмæ æндæр сферæты. Кæддæр ахæм сцкенаритæ бынтон æрымысгæ, æрдзы нæуæвæг  бæстæтыл цыдысты фыст. Ныр  та арæздæр пайда кæнынц реалон  бæстæтæ æмæ  географион  равæрдтæй», – фыссы  Сартс.

Немыцаг рауагъдад «Бильд» ныффыста, цæмæй Германийы гарзджын тыхтæ  2024 азы  февралы  Уæрæсейы æрдгæй НАТО-йы хурыскæсæн  флангыл  гибридон бырстмæ цæттæ кæнынц.