6 июлæй  равдыстытæ, фысымуатты тренингтæ æмæ конференцитæ ауадзын уыдзæн уæгъд
6 июлæй равдыстытæ, фысымуатты тренингтæ æмæ конференцитæ ауадзын уыдзæн уæгъд

Гуырдзыстоны  экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр   Натиа Турнава  хъусын кæны, цæмæй  къуырисæрæй   ноджы  цалдæр хуызы  бизнес-архайд  феуæгъд ис.

Натиа Турнава  куыд банысан кодта афтæмæй,  уый у  равдыстытæ, тренингтæ, конференцитæ фысымуатты.

Æнæкæсгæ уымæ, цæмæй   æхсæнадæмон  визитортæй фæцух  стæм,   фæлæ не æмбæстæгты,  æндæр æмæ æндæр организациты эгидæйæ уыд æркуырд,  æндæр æмæ æндæр хуызы хъуыддагджын  фембæлдæ саразыны барлæвæрды фæдыл.   Фæуынаффæ кодтам  æмæ хъуыды кæнæм, цæмæй ацы æркуырд, кæцы фысымуаттæй   рацæуы,   у  тынг рационалон  æмæ  рæстаг.  Æнæнизхъахъхъæды министрадмæ бакуыст ис æмбæлгæ протокол, æрмæст ма йæ  чысыл  бараст кæнын бахъæудзæн  æмæ  къуырисæрмæ  публикацигонд æрцæудзæн.  Æдасдзинады протокол хъахъхъæнгæйæ,  уый уыдзæн  тынг дзæбæх уынаффæ, цæмæй  иуы æрдгæй,  тренингпрограммæтæ  урæд ма æрцæуа, æмæ иннæ æрдгæй  та,   баххуыс уæм  фысымуаттæн, цæмæй  ма  фесафой  фадат,  ахæм мадзæлттæн балæггад кæнын.   Равдыстыты фæдыл  архайды  тыххæй куы  зæгъæм,   уый дæр у  тынг нысаниуæгджын,  æмæ цæудзæн  фæткæвæрдмæ гæсгæ.  Баззайдзæн ма нын  чысыл нымæцæй арæнгонд  куыстытæ,  алкæй  проблемæ  æмбарæм. Адон сты  фитнес-центртæ,  бассейнтæ, абаргæйæ  фылдæр рискджын куыст у, фæлæ   фæдылдзог этапыл  æркæсдзыстæм   ацы æрдгæй  дæр арæнæвæрдтæ   аивын протоколмæ гæсгæ.  Ацы   этапыл,   нырма  уый  кой  нæ  кæнæм.  Ныхас  кæнæм тренингтыл, конференцитыл,  равдыстытыл», – райхъусын кодта Натиа Турнава.