2019  азы  январ-августы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны  3 764  фæндагон-транспортон цау  æрцыд, кæцыты рæстæджы фæхъуыд 314 æмæ фæцæф ис 5 212 адæймаг
2019 азы январ-августы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны 3 764 фæндагон-транспортон цау æрцыд, кæцыты рæстæджы фæхъуыд 314 æмæ фæцæф ис 5 212 адæймаг

Мидхъуыддæгты  министрады  бæрæггæнæнтыл   æнцойæ, цæугæ   азы  аст мæйы  бæрæггæнæнтæй,   раззаг азы  фæнысангонд периодимæ абаргæйæ Гуырдзыстоны  æмæ сæйраг сахары   фæндагон-транспортон цауты   нымæц  фæкъаддæр ис,  фæлæ  фæмардуæвджыты  нымæц  райрæзтис.

Сæйраг сахары 2019  азы  январ-августы   æдæппæт 1820  фæндагон-транспортон  цау  æрцыд, кæцыты  рæстæджы  фæхъуыд  64  адæймаг,  2182  фæцæфтæ  сты.

Фæндагон-транспортон  цауты расайæг  аххосæгтæ сты: бакомкоммæ  змæлды хаххмæ  ахызт,кæнæ  фæстæ уадзыны  фæткойтæ саст; змæлды  бæрæг   тагъдад фæуæлдайджын кæнын; транспортон   фæрæзты тæрын  алкоголон уæлæндæвды бын уæвгæ уавæры.

2017 азы январь-августы æдæппæт 3904 цау æрцыд,  фæмард 333 адæймаг, фæцæф сты – 5546. 2018  азы   ацы периоды æдæппæт æрцыд  4196 фæндагон-транспортон цау,  кæцы рæстæджы дæр фæхъуыд  307 адæймаг æмæ фæцæфтæ сты 5989 адæймаг.