Зураб Абашидзе – Хъыгагæн, нæ дæр абон фæфиппайдтам исты дзырдæппарæн, ома оккупацигонд регионты æрдæм Уæрæсейы политикæйы исты ногдзинад ис, уый нын оптимизмы фадат нæ дæтты
Оккупацион хахы цур сырæзт уавæрыл ныхасæй нæхи аиуварс кæнын нæ бахъом стæм, мæ хъуыдыйы дарын адæймæгты скъæфты фактытæ, дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг иттæг серьиозон проблемæтæ – Гуырдзыстоны премьер-министры специалон минæвар Уæрæсеимæ ахастыты фарстаты Зураб Абашидзе Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы аргъ скодта Прагъæйы уагъд фембæлдæн.
«Нæ цæстæнгас сын бæрæг у. Се рдыгæй дæр ног ницы базыдтам. Сæ хъуыды æмгæй расйгæйæ хæццæ кæны политикон цæстæнгасмæ, ома Абхаз æмæ Цхинвалы регион хæдбар паддзахадтæ сты – зæгъгæ æмæ сымах уыдонимæ хъуамæ æрныхас кæнат алы проблемæйы алыварс. Уæрæсе зæгъгæ ницыгæнæг у ацы хъуыддаджы. Ахæм у Уæрæсейы ахаст æмæ ацы ахаст æвзæрын кæны уыцы къуымон уавæр, кæцымæ дæр бавдысты Уæрæсе Гуырдзыстоны ахастытæ 2008 азы, кæнæ та Уæрæсе нымадмæ куы райста ацы дыууæ регионы «хæдбарадæй» цы фæхонынц уый.
Хъыгагæн, нæдæр абон фæфиппайдтам исты амонæн, ома истæ ногдзинад ацы æрдæм уæддæр фæзынд Уæрæсейы ахасты, йæ хъуыдыты, Уæрæсейы политикæйы æмæ ай нæ дæтты оптимизмы бындур»,- райхъусын кодта Зураб Абашидзе.
Абашидзейы ныхæстæм гæсгæ, сæ ахаст у, цæмæй диалог уыцы фарстатыл, цыран ис цыдæр æнтыст, æнæмæнгæй хъуамæ адарддæр уа æмæ ацы политикæимæ ис æххæстæй разы сты нæ ныгуылæйнаг партнертæ.
«Сидынц нæм, адарддæр кæнæм ацы уæззау диалог. Цыдæриддæр та нæ практикон ардæмадмæ æххæссы, хъахъхъæнæм конкртетон компаниты интересты. Мæ хъуыдыйы дарын авиацион, автомобилон дыууæрдæм змæлд, уаргъты ласын, алцыппæт уый тыхджын рæзы. Ис нын рæзгæ динамикæ. Базарады зилдух 24%-æй райрæзтис. Ууыл хъусдард сцырын кæнын хъæуы. Уым архайынц бирæ гуырдзиаг компанийы. Ис сын техникон æмæ æндæр равгы проблемæтæ. Архайæм уый æрбиноныг кæнын. Нæ ледегацийы сконды сты экономикæйы æмæ фæсарæн хъуыддæгты министрадты минæвæрттæ. Æрыздæхдзыстæм Гуырдзыстонмæ æмæ бацархайдзыстæм, бынатыл рацагурæм ай æппæтæн æмбæлон уынаффæтæ», – бафтыдта ма Зураб Абашидзе.