Ираклий Гъарибашвили – уырны мæ, сабырадон æмæ диалогыл ориентиргонд нæ политикæ æрбаввахс кæны уыцы бон, абхаз æмæ ирон æфсымæратимæ иумæ куы адарддæр кæндзыстæн иугонд, демократон паддзахад аразын

09:58, 14.08.2022

 

Абон  Абхазы хæст райдаынæй  30 азы  сыххæст ис.  Иуылног историйы  сегасдæр драматон фæзынд,  æфсымæрты æхсæн  быцæудзинады  фæстиуæг уыд, сраст кæнын гæнæн, цæмæн нæй  ахæм  пырх, сæрмагонд фыдыбæстæйы  лигъдонæй фестын кодта  сæдæгай мин  адæймагы æмæ сегасдæр сæйраг, дыууæдæр фарсæй  бирæ нæ  æмбæстæгы – æфсæддæтты æмæ сабырадон   æмбæстæгты  цард  ахаста, – уый  фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæны у  банысангонд.

Хицауады  сæргълæууæгы  дзырдæй,  сабырадон, кæрæдзийæн цыт кæнын æмæ  диалогыл  ориентиргонд политикæ хæстæг кæны  уыцы бон,  абхаз æмæ ирон  æфсымæртимæ иумæ  куы адарддæр  уыдзæн  иугонд, фидар, сабырадон , демократон   паддзахады  арæзтад.

«Æнæхъæнæй нæ  дзыллæимæ иумæ, ноджы  иу  хатт  сæ рухс ном  ссардзынæн алкæмæн чидæриддæр ацы æнамондзинады амæттаг ссис.

Уырны мæ, цæмæй  сабырадон, кæрæдзийæн цыт кæнын æмæ  диалогыл  ориентиргонд политикæ хæстæг кæны  уыцы бон,  абхаз æмæ ирон  æфсымæртимæ иумæ  куы адарддæр  уыдзæн  иугонд, фидар, сабырадон , демократон   паддзахады  арæзтад, кæцы сæвзæрын кæндзæн  алы æмбæстагæн, æдасдзинады,  фарны, хæдбындурдзинад ма фесафын æмæ  стынг кæнынæн алы  хъæугæ уавæртæ», –  банысан кодта премьер-министр.

Хуыздæр